Синоптикты прогнозæй, 27-29 августы бæрзонд температурæйы фоныл, Гуырдзыстоны иуæй-иу районты цыбырæмгъуыдон къæвда æмæ арвнæрд сты æнхъæлмæ кæсинаг
Æрдзы националон агентад 27-29 августы Гуырдзыстоны æнхъæлмæкæсинаг боныгъæды фæдыл информаци публикаци кæны. Синоптикты прогнозæй, æввахс бонты, бæрзонд температурæйы фоныл, Гуырдзыстоны иуæй-иу районты æнхъæлмæкæсинаг у цыбырæмгъуыдон къæвда æмæ арвнæрд.
Тбилисы гæнæн ис цыбырæмгъуыдон къæвда фæбæрæг уа. Уæлдæфы температурæ бонæй +33, +35 градус сфиксир уыдзæн. Донбыл районты (Батум, Кобулет, Анаклиа, Поти): гæнæн ис цыбырæмгъуыдон къæвда арвнæрдимæ. Уæлдæфы температурæ бонæй +27, +29 градус сфиксир уыдзæн.
Кахеты (Сагареджо, Телау, Гурджаан, Сигънагъ, Лагодех Ахмета, Дедоплисцъхъаро): ранæй-рæтты гæнæн ис цыбырæмгъуыдон къæвда арвнæрдимæ, гæнæн ис ихуарын дæр уа. Уæлдæфы температурæ бонæй +32, +34 градус уыдзæн.