Синоптикты прогнозæй, 16-17 августы Гуырдзыстоны бæрæг районты цыбырæмгъуыдон къæвда æмæ арвнæрд у æнхъæлмæкæсинаг, 18 августæй хурджын боныгъæд лæудзæн
Æрдзы националон агентад 16-19 августы Гуырдзыстоны æнхъæлмæкæсинаг боныгъæды фæдыл информаци публикаци кæны.
Синоптикты прогнозæй 16-17 августы Гуырдзыстоны хицæн районты цыбырæмгъуыдон къæвда æмæ арвнæрд у æнхъæлмæкæсинаг, æрмæст 18 августæй хурджын боныгъæд уыдзæн.
Тбилисы 16-17 августы гæнæн ис цыбырæмгъуыдон кæъвда фæбæрæг уа, æрмæст 18-19 августы хурджын боныгъæд уыдзæн. Уæлдæфы температурæ бонæй +30, +32 градусы бæрц уыдзæн.
Донбыл районты (Батум, Кобулет, Анаклиа, Поти) хурджын боныгъæд лæудзæн. Уæлдæфы температур1 бонæй +28, +30 градус уыдзæн.
Кахеты (Сагареджо, Телау, Гурджаан, Сигънагъ, Лагодех, Хъуарел, Ахмета, Дедоплисцъхъаро) 16-17 августы æнхъæлмæкæсинаг у цыбырæмгъуыдон къæвда арвнæрдимæ, гæнæн ис ихуарын æмæ уады фæтынг. Æрмæст 18-19 августы хурджын боныгъæд лæудзæн. Уæлдæф, бонæй +31, +33 граудсы онг схъарм уыдзæн.