Синоптикты информацимæ гæсгæ, 22-æм октябрæй Гуырдзыстоны территорийы фылдæр хайы хур ракæсдзæн  æмæ абаргæйæ хъармдæр уыдзæн
Синоптикты информацимæ гæсгæ, 22-æм октябрæй Гуырдзыстоны территорийы фылдæр хайы хур ракæсдзæн æмæ абаргæйæ хъармдæр уыдзæн

Алфæмблайы националон агентад 22-24 октябры Гуырдзыстоны æнхъæлмæкæсинаг боныхъæды фæдыл информаци публикаци кæны.

Синоптикты информацимæ гæсгæ, 22-æм октябрæй Гуырдзыстоны территорийы фылдæр хайыл хур уыдзæн æмæ боныгон хъарм уыдзæн.

Фылдæр рæстæг, Тбилисы боныхъæд уыдзæн æнæкъæвда. Уæлдæфы температурæ боныгон +16, +18 градусы онг схъарм уыдзæн, æхсæвы та +4, +6 градусы онг. Денджызы былгæрæтты (Батум, Кобулеты, Анаклиайы, Поты): кæцыдæр рæтты гæнæн ис æмæ уа лыстæг къæвда. Боны мидæг уæлдæфы температурæ схиздзæн +13, +18 градусы онг.

Къахеты (Сагареджо, Телавы, Гурджааны, Сигънагъы, Лагодехи, Хъуарелы, Ахмета, Дедоплисцъхъаро): гæнæн ис æмæ иуæй-иу рæтты лыстæг къæвда уа. Боны дæргъы уæлдæфы температурæ +13, +18 градусы онг схъарм уыдзæн.