Синоптикты информацийæ, Гуырдзыстоны 18-20 сентябры æнхъæлмæкæсинаг у къæвда, зæйтæ, денджызы шторм  æмæ хæххон бынæтты сыджытлæсæнты активаци
Синоптикты информацийæ, Гуырдзыстоны 18-20 сентябры æнхъæлмæкæсинаг у къæвда, зæйтæ, денджызы шторм æмæ хæххон бынæтты сыджытлæсæнты активаци

Алфæмблайы национ агентад цæрджытæн хъусын кæны æввахс бонты боныхъæды тыххæй.

Синоптикты информацимæ гæсгæ, 18-æм сентябры кæронæй 20-æм сентябры дыккаг æмбисмæ Гуырдзыстоны æнхъæлмæкæсинаг у къæвда, иуæй-иу рæтты тыхджын, гæнæн ис зæйтæ, ихуард, тыхджын дымгæ, æмæ денджызы 3-4 баллы уылæтæ.

«Æнхъæлмæкæсинаг къæвдатæ гæнæн ис расайой Гуырдзыстоны цæугæдæтты доны æмвæзады нысаниуæгджын рæзт, чысыл цæугæдæттыл æнæнхъæлæджы донивылдтæ, афтæ дæр хохаг æмæ хæххон бынæтты сыджытлæсæнты æмæ цъыфты сæвзæрд  æмæ активаци (тæссагдзинады æмвæзады астæуккаг)» – ис фыст алфæмблайы националон агентады расидæны.