Синоптикты бæрæггæнæнтæм гæсгæ,7-æм апрелы онг. æнхъæлмæкæсинаг у рæстæгæй-рæстæгмæ къæвдатæ, иуæй-иу тыхджын
Синоптикты бæрæггæнæнтæм гæсгæ,7-æм апрелы онг. æнхъæлмæкæсинаг у рæстæгæй-рæстæгмæ къæвдатæ, иуæй-иу тыхджын

Гуырдзыстоны 6-æм апрелæй 7-æм апрелмæ,  æнхъæлмæкæсинаг у æнæнхъæлæджы къæвдатæ , иуæй-иу рæтты тыхджын, уæлдайдæр та бæстæйы ныгуылæн хайы – уый фæдыл алфæмблайы националон агентад хъусын кæны.

Синоптикты ныхæстæм гæсгæ, гæнæн ис æмæ фæтыхджындæр уа дымгæ дæр.

Æнхъæлмæкæсинаг къæвдатæ гæнæн ис æмæ расайой цæугæдæтты доны æмвæзады нысаниуæгджын рæзт æмæ чысылдæр цæугæдæтты æнæнхъæлæджы донивылдтæ. Бæстæйы бæрзонд хæххон районты гæнæн ис æмæ æрцæуой зæйтæ, хохаг æмæ хæххон бынæтты та гæнæн ис æмæ æрцæуой  цъыфы æрзæткъахæнтæ.