Синоптиктæ цæугæ къуырийы температурæйы виппайды фæуазалмæ æмæ хъызты фæтыхджындæрмæ æнхъæлмæ кæсынц
Синоптиктæ 27 декабрæй Гуырдзыстоны хъызты фæтыхджындæры прогноз дæттынц.
Фыццаг Къаналæн æрдзы националон агентады цыбырæмгъуыдон прогнозты уагдоны хистæр Додо Гвазава куыд загъта, афтæмæй, цæугæ къуырийы æнхъæлмæ кæсынц температурæйы виппайды фæуазалмæ. Митуардмæ та ног азмæ 31-æм декабрмæ, æрмæст Сванеты æнхъæлмæ кæсынц.
Афтæма цæугæ къуырийы уæлдæфы фæуазал æнхъæлмæ кæсинаг у бæстæйы масштабæй.
«Фæтыхджындæр уыдзысты уазæлттæ, сæрмагондæй та 27 декабрæй æмæ гæнæн ис, ныгуылæн Гуырдзыстоны ныллæг районты æхсæвы уа -1-æй 4 градус уазалы онг. Скæсæн Гуырдзыстоны та, гæнæн ис æхсæвы уазал -5 градусмæ æрхауа, боны дæргъы максимум температурæ та, 5 градусы онг уыдзæн», – банысан кодта Додо Гвазава.
Цыдæриддæр та с æйраг сахармæ æххæсы, синоптиктæ хъызтмæ Тбилисы дæр æнхъæлмæ кæсынц, боны дæргъы максималон температурæ та 5-6 градус хъарм уыдзæн.