Сингапуры мæнг ног хабæртты ахæлиу закъонæй æфхæрд цæудзæн

Сингапуры  парламент, мæнг ног хабæртты тыххæй   закъон сфидар кодта. ИНформацийы  уый тыххæй хъусын кæны «ВВС».  Ног регуляци, кæцы  æввахс къуыриты  скусдзæн,   хицауадæн дæтты бар,  мониторинг кæна  интернеплатформæ  æмæ рабафыстытæн.  Хицауадмæ  уыдзæн бар, æрдома  интернетплатформæтæй,   мæнг ног хабæрттæ  кæнæ информаци схафын,  кæцы  йæ ныхмæ у  дзыллон интерестæн.

СИнгапуры хицауады  юæлвырдмæ гæсгæйæ,    ног закъон  æмбæстæгты  баиргъæвдзæн  мæнг информаци райстæй, фæлæ инициативæйы критиктæ хъусын кæнынц, цæмæй   ног   закъон  æмбæстагон   бартæн серьозон  тас  хæссы.  Фæнысан кæнинаг у, цæмæй  Сингапур, прессæйы сæрибардзинады индексæй,   дунейы  180  бæстæйы æхсæн  161-аг бынатыл ис.

Сингапуры хицауад  хъусын кæны, цæмæй   ног закъон нæ уыдзæн хисæрмагонд хъуыдыйы ныхмæ, фæлæ  кусдзæн æрмæстдæр гæдыдзинады  ныхмæ,  кæцы  гæнæн ис дзыллæйæн  знаггадгæнæг уа.

Ног закъоны хæлды тыххæй сфидар ис ивар  иу милуан  сингапуйраг   доллары бæрцæй (733 700 америкаг доллар)  кæнæ та  дæс  азон ахстæй  æфхæрд.

ФÆстаг мæйты  дæргъы,  мнг ног хабæртты  фæдыл  закъон   райстой  Уæрæсейы, Францы æмæ Германийы.