Сингапур 2018 азы дæр дунейы сеппæтæй зынаргъ сахарты ранымады ис.Сингапурæн ахæм аргъ, нырид фæндзæм хатт ратта номдзыд бритайнаг медиа-къорд «Экономисты» иртасаг орган Economist Intelligence Unit.
Economist Intelligence Unit дунейы масштабæй хæрзиуæгджын царды уагы æрвылазонæй аргъ скæны æмæ тыгъдады индекстæ фæбæрæг кæны. Фæстаг иртаснмæ гæсгæ, кæцы цæугæ къуырийы æрцыд пбликацигонд æмæ 133 бæстæмæ æххæссы, дунейы сеппæтæй зынаргъ сахарты фылдæр сты Сабыр Океаны бассейны хайы, æмæ Европæйы.
Сеппæтæй зынаргъ сахарты дæсойы дыккаг бынаты ацы аз бацахстой Париз æмæ Цюрих. Дæсойы мидæг афтæдæр сты Сидней, Осло, Женевæ, Коппенгаген æмæ Тель-Авив.
Сеппæтæй аслам сахартæй ацы азы схуыдтой Сирийы æмæ Венесуэлайы сæйраг сахартæ Дамаскъ æмæ Къаркас.