Си Дзинпин – Америкаг-Китайаг ахастытæ вазыгджын уавæры сты æмæ мах уый тыххæй тынг мæт кæнæм
Ацытæккæ америкаг-китайаг ахастытæ вазыгджын уавæры сты æмæ уый тыххæй тынг мæт кæнæм – уый фæдыл АИШ-ы президентимæ арфæйы ныхасы рæсæджы Китайы лидер Си Дзинпин райхъусын кодта.
Йæ дзырдæй, зæгъгæ Америкæ æмæ Китай раст курс хъуамæ сывзарæт.
«Куыд дыууæ нысаниуæгджын бæстæйы лидертæ, мах хъуамæ сывзарæм раст курс. Хъуамæ бацагурæм рат æрдæмад дыууæфарсон азастыты размæцыдæн, æмæ ахастыты фæхуыздæр кæнынæн» – банысан кодта Си Дзинпин.
Си Дзинпины фидиуæнæй, Дуне АИШ-ы æмæ Китайæ æнхъæлмæ кæсы æмахастыты срегулир кæнынмæ. Афтæма йæ дзырдæй, дыууæ бæстæйы лиедрты фембæлд Дунейы хъусдарды центры ис.
«Фембæлдыл хъуамæ æргомæй баивæм зхъуыдытæ стратегион нысаниуæгы фарстатыл» райхъусын кодта Си Дзинпин.
Йæхиæрдгæй Джо байден арфæйы ныхасы бахахх кодта АИШ-ы æмæ Китайы æхсæн конфликт аиуварс кæныны нысаниуæг. Афтæма йæ дзырдæй зæгъгæ уый разы у коммуникацион хахх æргомæ ныууадзынимæ, цæмæй дыууæ дæр бæстæйæн уа фадат иумæ кусын æнæаргъæвгæ фарстатыл, сæ нымæцы климатон ивды æмæ æдасдзинадыл.
Байдены дзырдæй, зæгъгæ Дуне æнхъæлмæ кæсы цæмæй дыууæ бæстæ партнертау бакусдзысты.
АИШ-ы æмæ Китайы президентты фембæлд Индонезийы сакъадах балийы цæуы. Уый президентты рангы дыууæ бæстæйы идерты фыццаг фембæлд у, кæцы «Стыр Дыууыны» саммиты фæлгæтты цæуы.