Швейцарийы æддагполитикъон уагдон – Давит Залкалианийы æмæ Сергей Лавровы фембæлд сырæзт нæ ицитиативæйæ æмæ æххуысæй
Нью-Йоркъы Давит Залкалианийы æмæ Сергей Лавровы фембæлды фæдыл информацийы хъусын кæны Швейцарийы фæсарæн хъуыддæгты министрад дæр. »Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министры, Давит Залкалианийы æмæ Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министры, Сергей лавровы фембæлд Швейцарийы куыд дыууæ бæстæйы æхсæн медиаторы, инициргондæй æмæ æххуысæй 26 сентябры Нью-Йоркъы ИНО-йы генералон ассамблейы фæлгæтты сырæзт. Швейцаримæ ис диалог баахъаз кæныны дæргъвæтин традици. 2009 азæй Швейцари у Уæрæсейы интересты хъахъхъæнæг Гуырдзыстоны, æмæ Уæрæсейы та хъахъхъæны Гуырдзыстоны интерестæ», – банысангонд у фидиуæны.
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæнты министрады информацийæ, фембæлдыл гуырдзиаг фарсæй касты сæйраг темæ уыд Гуырдзыстоны территориты оккупацийы фарста.