Швецийы полици теракты æрцæттæйы зæрдæхсайд æртæ гоймагы æрцахста
Швецийы полици теракты æрцæттæйы зæрдæхсайд æртæ гоймагы æрцахста. Барадхъахъъæнджытæ рейдтæ ауагътой Швецийы цæгат хайы æмæ Стокгольмы. Полицийы хъусинагæй, ахстгондтæ бырсты æрцæттæ кæнын рагæй фæстæмæ план кодтой. Уыйимæ иумæ ма, барадхъахъъхæнджытæ ноджы цалдæр адæймаджы æрцахстой, фæлæ сын зылынгæнæн нырма нæ бавдыстой.
Æрцæугæйы æндæр детæлттыл Швецийы хицауад нырма нæ ныхас кæны.
Швецийы сæйраг сахары терриористон бырст ивгъуыд азы апрелы æрцыд. Равзæрдæй узбекъаг мигрант, фистæгтæм уæзласæн автомобил баскъæрдта. Фæстиуæгæн, фæмард 5 адæймаг.