Швецийы полици теракты æрцæттæйы зæрдæхсайд æртæ гоймагы æрцахста
Швецийы  полици  теракты  æрцæттæйы зæрдæхсайд  æртæ  гоймагы æрцахста

Швецийы  полици  теракты  æрцæттæйы зæрдæхсайд  æртæ  гоймагы æрцахста. Барадхъахъъæнджытæ  рейдтæ  ауагътой  Швецийы  цæгат хайы  æмæ Стокгольмы.  Полицийы  хъусинагæй, ахстгондтæ  бырсты æрцæттæ кæнын  рагæй  фæстæмæ   план кодтой.   Уыйимæ иумæ ма, барадхъахъъхæнджытæ  ноджы  цалдæр  адæймаджы  æрцахстой, фæлæ  сын зылынгæнæн нырма нæ  бавдыстой.

Æрцæугæйы  æндæр детæлттыл  Швецийы хицауад  нырма нæ ныхас кæны.

Швецийы сæйраг сахары  терриористон бырст ивгъуыд  азы апрелы  æрцыд.  Равзæрдæй  узбекъаг  мигрант, фистæгтæм уæзласæн  автомобил  баскъæрдта.  Фæстиуæгæн, фæмард 5 адæймаг.