Швецийы хицауад террористон  азары æмвæзад  официалонæй сбæрзонддæр кодта
Швецийы хицауад террористон азары æмвæзад официалонæй сбæрзонддæр кодта

Швецийы  хицауад  террористон  ахары   æмвæзад   официалонæй  фæбæрзонддæр кодта. Швецийы  хицауады  ист уынаффæ медиайæн æдасдзинады  пъæлицæй къухдариуæггæнæг, Шарлотта  фон Эсен,   базонгæ   кодта.

Амæйфæстæмæ бæстæйы,  фондзэтапджын  террористон   азары  цыппæрæм  æмвæзад  скусын кæндзысты.

Йæ дзырдæй,  зæгъгæ  террористон азары  рæзт  нæу баст кæцыдæр   конкретон фæзындимæ  æмæ   уый бындурæвæрд у  æдасдзинады æрдгæй  уæвæг   уавæрыл  нæхъæнæй, кæцы нырид рагæй  фыддæрдæр кæны.

Швецийы æдасдзинады  пъæлицæйы  нымайынц,  цæмæй Швецийы  уагъд  акцитæ кæцытыл  Хъуырна  басыгъдтой, гæнæн ис  сцырын кæной уый, цæмæй террористтæ  Швецийы  нысанмæ сисой.

Афтæма  террористон  азары æмвæзад  сбæрзонддæр кодтой Швецийы   гарзджын тыхтæ дæр.