Швецийы хицаугæнæг парти бæстæйы НАТО-йы уæнгæй суæвынимæ сразы ис
Швецийы хицаугæнæг Социал-Демократон парти, бæстæйы НАТО-йы уæнгсуæвынимæ сразы ис,ф æлæ Швецийы НАТО-йы базæтæ саразыны ныхмæ у. Уый фæдыл дзырдæуы Швецийы хицаугæнæг партийы фидиуæны.
«Социал-Демократон партийы советы уынаффæйæ, парти бакусдзæни, цæмæй Швеци НАТО-ы уæнгæй сæвыны фæдыл куырдиат бавдиса. Афтæмæй, Социал-Демократтæ кусдзысты уый тыххæй, цæмæй Швеци, кæд куырдиат НАТО-йæ сбæлвырд уыдзæн, разæгъы иуфарсон бадзырды тыххæй, Швецийы территорийыл атомон хæцæнгарзы æмæ иугæндзойнон базæтæ саразыны ныхмæ» – банысангонд у куырдиаты.
Хицаугæнæг партийы позици айзæлын кæныны фæстæ, НАТО-ы уæнгсуæвыны фарстайыл фæныхас кодта Швецийы премьер-министр, Магдалена Андерсон, кæцы загхта, цæмæй Швецийы хъæуы æдасдзинады формалон гарантитæ, кæцы фæзындзæни НАТО-йы уæнгдзинады фæстиуæгæн.
«НАТО-ы пайдаййæн позици уый нысаны, ома цæттæ стæм нæзагъд ракæнын æдасдзинады политикæйыл, кæцы Швецийæн 200 азы дæргъы æндæр æмæ æндæр формæйæ уыд. Махæн, Социал-Демократтæн, бæрæг у, цæмæй æфсæддон нейтралондзинад пайдаджын уыд Швецийæн, фæлæ нæ хатдзæг уый мидæг ис, цæмæй уый нын пайдаджын нал уыдзæн фидæны. Кремль равдыста, цæмæй цæттæ у, тыхæй спайда кæна æмæ нæйы зæгъгæ нæ дзурынц егъау рискытæ аразыныл. Нæ æдасдзинад æнгом баст у нæ сыхæгты æдасдзинадимæ. Швецийæн ис æфсæддон нетйралитет, фæлæ нейтралон не стæм. НАТО-йы уæнгæй суæвыны фæрцы, Швецимæ фæзындзæни æнæрмæст фылдæр æдадсзинад, фæлæ ма уыдзæн æдасдзинадæн къухаразæг» – загъта Магдалена Андерсон.