Мидхъуыддæгты министрады уæлвæтк уавæрты куысты зынгхуыссынгæнæг-ирвæзынгæнджытæ Рачъайы, цæугæдон Чъанчъахы донивылды ноджы иу мардыбуар ссардтой. Информаци хъусын кæны МХМ.
«Онийы муниципалитеты, стихийы зонæйы угрæн-ирвæзынгæнæн куыстытæ æнæаскъуынгæ режимы цæуынц. Ацы рæстæгмæ стихийы зонæйы ссардæуыд 32 мардыбуар æмæ агуырд активонæй дарддæр кæны иу гоймагы тыххæй. Мадзалы баст у МХМ-ы уæлвæтк уавæрты куысты алы æмбæлгæ хайад, афтæма уæззау техникæ, дронтæ, ленкæнæн фæрæзтæ æмæ кинологты къорд», – банысангонд у МХМ-ы информацийы.