«Хамасы»  хæцджыты  æрдгæй  Израилыл сæххæст бырсты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц 800-йæ  ахызт
«Хамасы» хæцджыты æрдгæй Израилыл сæххæст бырсты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц 800-йæ ахызт

«Хамасы» хæцджыты æрдгæй Изралмæ  сæххæст бырсты  фæстиуæгæн фæмардуæвджыты  нымæц 800-йæ  ахызт.  Информаци уый фæдыл  хъусын кæны бынæттон медиа.

Уыимæ. Æнæнизхъахъхъæды министрады  хъусинагæй,   цæф сты  2506 адæймаг, уыдонæй  23-ы уавæр  у критикон, 353-æн  та  серьозон зиæнттæ ис.

Палестинаг фарсæй та,  Газæйы секторыл Израилы  ракетон хафты  фæстиуæгæн  500-йæ фылдæр   фæмардуæвæг  æмæ 2750-æй  фылдæр цæф ис.  Израилы хъахъхъæнынады тыхты хъусын кæнынц, цæмæй «Хамасы»   нысæнттыл æххæст кæнынц  бомбæкалд, палестинаг хæцджыты æрдгæй  Израилы æмбæстæгты æмæ æфсæддæттæм  бырсты  дзуаппæн.