Шовы, стихийы зонæйы фæмардуæвджыты нымæц 21-ы онг фæфылдæр ис. Уый фæдыл журналисттæн уæлвæтк уавæрты куысты хистæр Темур Мгъебришвили фехъусын кодта.
Афтæма йæ дзырдæй, ацы рæстæгмæ уæвæг бæрæггæнæнтæй, стихийы зонæйы 12 адæймагы агурынц.
«Интенсивонæй цæуынц агурæн –ирвæзынгæнæн мадзæлттæ фараст локацийыл. Стыр тæрритори рабæлвырд кодтам. Уавæр дæр къухаразæг у. Цæугæдоны донвæды фæрцы архайæм массæ ауадзæм цæугæдонмæ, цæмæй бынат ссæрибар кæнæм. Бæрзонд температурæ лæууы æмæ ис бæрæг хуызы низты риск. Алы мадзал скодтам. Архайæм алцыппæт уа протоколы фæлгæтты. Цæугæдоны донивылды 25 километры периметрыл æххæст кæнæм мониторинг. Ацы рæстæгмæ агурæм 12 адæймагы», – банысан кодта Темур Мгъебришвили. Шовы сыджытлæсæн рцыд 3 августы.