Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды министр Зураб Азарашвилийы информацийæ, Шовы, стихийы зонæйы ацы рæстæгмæ 11 адæймаг у мард.
Зураб Азарашвили куыд райхъусын кодта афтæмæй, иттæг уæззау трагеди æрыййæфты Рачаъайы.
«Тæфæрфæс кæнын бинонты уæнгтæ, тæфæрфæс кæнын Гуырдзыстонæн. Тынг уæззау у эпицентыр цы уавæр ис уый. Ис тынг стыр æрдзытыхон азар ацы регионæн. Хъыгагæн, нырид ссардæуыд 11 фæмардуæвæг. Агурыцн 25 адæймагы, хæрдмæтæхджытæ знон æмæ абон тынг стыр куыст сыххæст кæнын бахъом сты, фервæзынкæныны æрдгæй æмæ 210 адæймагы æдас бынатмæ раластой.
Фæнды мæ бæлвырд кæнын, адæймæгты, кæцытæ хæрдмæтæхджыты фæрцы раластой æдас бынатмæ, сæ æнæниздзинадмæ ницы тас æртхъирæн кæны. цалдæрæн уыдис минималон зиæнттæ, кæцы сæ цардæн тæссаг нæу. Афтæма бæлвырд кæнын, цæмæй бынатыл мобилизацигонд у медицинон æххуысы æндæр æмæ æндæр районтæй бирæгъуызон типы къордтæ. Фæмардуæыджыты хай идентификацигонд сты, цы информаци мæм ис, уымæ гæсгæ, фæлæ алчи нæй.
Æрбайсæфтуæвджыты бинонтимæ коммуникаци мын уыд бынатыл, уым нæ тагъд медицинон æххуысы бригадæ у мобилизацигонд æмæ ацы минутты дохтырты уæлæмхас къорд фæцæуы ноджы иу бригадæимæ иумæ. Бынатыл уыдон алыгъуызон куыст æххæст кæнынц зианбавзарджытимæ, æрбайсæфтуæвджыты бинонтимæ сæ психологин æмæ æндæр медицинон æххуысы æрдгæй», – райхъусын кодта министр.