Шовы цалдæр  æмбæстаг сты æмбырд, кæцытæ хъусын кæнынц, цæмæй сæм нæй информаци кæм сты   бинонты  уæнгтæ
Шовы цалдæр æмбæстаг сты æмбырд, кæцытæ хъусын кæнынц, цæмæй сæм нæй информаци кæм сты бинонты уæнгтæ

Шовы цур территорийыл,  цы ран уæлвæтк уавæрты  фæткдæттæг   куысты  æмæ  тагъд медицинон  æххуысы  къордтæ  сты мобилизацигонд, æмбæстæгтæ  сты æмбырдæй.

Уыдон хуъсын кæнынц, цæмæй  сын не  нтысы  бинонты уæнгтимæ  контакт сфидар кæнын.

Æмбæстæгты дзырдæй,   нæй сæм информаци  сæ  бинонты  уæнгтæ кæм  сты æмæ сæ æнæниздзинады  уавæры  фæдыл.

Онийы  муниципалитеты, стихийы   зонæйæ   æмбæстæгты  эвакуаци дарддæр кæны. МХМ-ы информацийæ, стихийы  зонæйæ  нырид 70-ы онг æмбæстагы  ракодтой.  Уæлвæтк уавæрты куысты  райхъусын кодтой, цæмæй  стихийы  зонæйы  агурæн-ирвæзынгæнæн мадзæлттæ   æнæхъæн æхсæв адарддæр уыдзысты.