Шота Дигъмелашвили, «Джелбетты маршы» ныхмæлæуджытæм баздæхт - Мах не стæм кæрæдзийы ныхмæ, Рæдыды уæ бафтыдтой
Руставелийы проспектыл, ахуыргæнинаг-фæсивæды националон галуаны цур антиоккупацион акцийы хайадисджытæ хъæлæс тыхджындæргæнæг техникæ баластой.
Акцийы иуæй-иу органгизатор Шота Дигъмелашвили куыд райхъусын кодта афтæмæй, уыдоны зæгъгæ фæнды, иннæ акцийы хайадисджытæн, «Тбилиси Прайды» ныхмæ чи сты уыдонæн, кæцытæ парламенты раз сты æмбырдгонд, фехъусын кæной, цæмæй сæ иумæйаг позици ис.
«Мах не стæм кæрæдзийы ныхмæ. Рæдыды уæ бафтыдтой»- басидтис Шота Дигъмелашвили «Тбилисы Прайды» ныхмæ чит протест кæны уыцы акцийы хайадисджытæм.
Цалдæр сахаты размæ, Руставелийы проспектыл, дыууæ акцийы кæрæдзийæ фæхицæн кæныны нысанæй, полици кордон сарызта æмæ автобустæй фæндаг æрыхгæдта.