Парламенты  цур плангонд акцимæ, «Националон Змæлды» æмæ æндæр партиты  активисттæ  регионтæй  дæр æрбаиу уыдзысты
Парламенты цур плангонд акцимæ, «Националон Змæлды» æмæ æндæр партиты активисттæ регионтæй дæр æрбаиу уыдзысты

Тбилисы парламенты раз плангонд акцимæ, «Националон Змæлды»  æмæ æндæр партиты   активисттæ   регионтæй   дæр  баиу  уыдзысты.   «Националон Змæлды»  активистты  хай,  Кутаисы   спорты    галуаны  цур æрымбырд. Сæ ныхæстæм  гæсгæ,  Тбилисы   акцимæ    Кутаисæй   200-йы  онг   адæймаг   ныоридæгæн рацыд.

Акцийы хайадисджытæ  дзурынц,   цæмæй  парти «Гуырдзиаг Бæллицц-Демокративон  Гуырдзыстоны» сæрдар Бидзина Иванишвилиæн  аккаг  дзуапп ратдзысты, уымæн æмæ   уый  гуырдзиаг адæмы  фæсайдта.

Афтæма «Иууон Националон Змæлды»   100-ы онг уæнг æмæ   фарсхæцæг, сæйраг сахары   палангонд   простетон акцийы хайад райсынмæ   Потийæ  дæр рацыдысты.

Тбилисы  плангонд акцимæ  баиу  уыдзысты  «Иууон Националон Змæлды»   уæнгтæ  æмæ  фарсхæцджытæ  Самегрелойы  æндæр сахартæй.  Уыдон  Сенакийы  муниципалитеты   хъæу  Носирийы  æрымбырд сты  æмæ Тбилисы   æрдæм микроавтобустæй  æмæ   рог хæдтулгæтæй   рараст сты.   Активисттæ  дзуарынц,  цæмæй  баиу  уыдзысты   Руставелийы проспектыл   уæвæг   адæймагæтоы  æркуырдтæм,  æвзæрстыты  пропорцион  æгъдауæй   ауадзынмæ  гæсгæ.

Парламенты цур  «Дзала Эртобашиа»-йы  минæвар   оппозицион  пратиты  æмæ   æмбæстагон  активистты   акци   15:00   сахатмæ у плангонд.

Акцийы   хайадисджыты   сæйраг æркуырд  у   æмгъуыдагъоммæ парламентон   æвзæрстытæ   пропорцион  системæйæ   ауадзын, хицауады  куыстуагъд æмæ   централон   æвзарæнон  камисы  архайæг сконды  раивын.

Уымæй  конкретон дæр архайадон планы фæдыл,  оппозици абоны   акцийыл  фæныхас  кæндзæн.

Акцитæ   Руставелийыл   уый  фæстæ  райдыдтой,    14  ноябры,  пропорцион  æвзарæнон  системæмæ   ахизынмæ гæсгæ,   парламентон фылдæртæ  сæхи бакуыст   конституцион видт,  парламенты  фыццах  хъусынæй   халæппæрстыл, хъæлæсты æгъгъæд  нымæц  куы  нæ райста  уый  фæстæ.