Шида Картлийы æвзарæнон процессмæ цæст дарынц Стыр Британийы, АИШ-ы, Голланди æмæ Австралийы минæвæрттæ
Цæстдарæгы статусæй æвзарæнон процессмæ Шида Картлийы сæ хъус дарынц Стыр Британийы, АИШ-ы, Голландийы æмæ Австралийы минæвæрттæ.
Гуырдзыстоны аккредитацигонд минæвæрттæ сæумæрайсомæй цалдæр æвзарæнон фадагмæ бацыдысты æмæ бынатыл райстой информаци, цæмæй куыд цæуы æвзарæнон фадыгыл хъæлæскæныны процесс, куыд фадыгы сæрдары, афтæдæр цæстдарджытæй.
Уыдон афтæдæр ныфс разагъдтой, цæмæй æвзæрстытыл æвзæрстгæнджыты бæрзонд активондзинад уыдзæн.
«Тынг райгонд стæм, ам кæй уæвынæй, ацы рæсугъд æмæ нысаниуæгджын бон. Стыр инетерсæй кæсæм æз æмæ мæ коллегæтæ дæр ацы æвзæрстытæм. Зонын цæмæй ндæр æмæ ндæр миссийæ бирæ бынæттон æмæ æхсæнадæмон цæстдарæг ис Гуырдзыстоны æмæ райгонд стæм уыцы фактæй. Уырнæг стæм абон æвзæрстытæ сабыр æмæ сæрибар уавæрты ацæудзысты.
Алы æвзæрстытæ сты нысаниуæгджын. Ныфс нæ ис, цæмæй куыд гæнæн ис афтæ бирæ адæймаг рацæудзæн абон æвзæрст саразынмæ» – райхъусын кодта Гуры 10-æм æвзарæнон фадыгыл Гуырдзыстоны Стыр Британийы минæвар ДЖастин Смит.
Гуырдзыстоны президентон æвзæрстытæ цæуынц