Шатилы фæндлагыл аварийы фæстиуæгæн цæф æртæ бæлццоны  уавæр критикон у, сæ дыууæйæн ацы минутты аразынц  операци
Шатилы фæндлагыл аварийы фæстиуæгæн цæф æртæ бæлццоны уавæр критикон у, сæ дыууæйæн ацы минутты аразынц операци

Фыццаг университетон клиникæйы директоры, Леван Ратианийы  фидиуæнæй,   Шатилы  фæндагыл  æрцæугæ  фæндагон-транспортон  цауы  фæстиуæгæн  фæцæфуæвæг  æртæ пациенты  æнæниздзинады  уавæр критикон у.

Афæтма  йæ ныхæстæм гæсгæ,  сæрмагондæй уæззау  у  дыууæйы   уавæр, кæцытæн хуылфы  тугцыд  райдыдта æмæ ныр сын арызт цæуы  æнæаргъæвгæ  операци.

«Знон аварийы  бынатæй  нæм æрбаластой  æртæ сылгоймагы.  Сæ уавæр ацы   этапыл  у  критикон,  сæрмагондæй  та сæ дыууæйы. Фæбæрæг сæм  ис  æппæрццаг динамикæ, райдыдта хуылфы тугцыд  æмæ  сæ  бакодтой  операицон  блокмæ, цы ран сын аразынц æнæаргъæвгæ операци.  Æртыккаг сылгоймагы  уавæр  ацы  этапыл у абаргæйæ  стабилон,  хуыссы реанимацион хайады.  Арызт сын цæуы  басгæрст. Ацы  этапыл се ртæйæн дæр, цардимæнæбадгæ травмæтæ. Сæ астæуккагы кар у  25 аз», – райхъусын кодта  Леван Ратиани.