Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад Газиантепы фæндагон-транспортон цауы тыххæй Турчы хицауад æмæ фæмардуæвджыты бинонтæн тæфæрфæс кæны
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад, Турчы, горæт Газитантепы фæндагон-транспортон цауы тыххæй, Турчы хицауад æмæ фæмардуæвджыты бинонтæн тæфæрфæс кæны.
«Тæфæрфæс кæнæм фæмардуæвджыты бинонтæн æмæ хæлæрттæн. Алы цæфæн та тагъд куыд сæнæниз уой, уыцы арфæтæ зæгъы нæ зæрдæ. Гуырдзыстон, Турчы фарсмæ лæууы ацы хъынцъымы рæстæджы», – дзырдæуы Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады фидиуæны.
Горæт Газиантепы фæндагон-транспортон цау цалдæр сахаты размæ æрцыд. Фæстаг бæрæггæнæнтæй, амард 16 адæймаг, сæ нымæцы æртæ дохтыр, дыууæ журналист, æртæ зынгвæдисон æмæ аст бæлццон.
It was with great sadness that we learned of the loss of lives as a result of the horrible accident in Turkiye. Our heartfelt condolences go out to the families & friends of the deceased. We wish swift recovery to all injured. 🇬🇪stands with you in this time of grief. @MFATurkiye
— MFA of Georgia (@MFAgovge) August 20, 2022