Шатилы фæндлагыл аварийы фæстиуæгæн цæф æртæ бæлццоны уавæр критикон у, сæ дыууæйæн ацы минутты аразынц операци
Фыццаг университетон клиникæйы директоры, Леван Ратианийы фидиуæнæй, Шатилы фæндагыл æрцæугæ фæндагон-транспортон цауы фæстиуæгæн фæцæфуæвæг æртæ пациенты æнæниздзинады уавæр критикон у.
Афæтма йæ ныхæстæм гæсгæ, сæрмагондæй уæззау у дыууæйы уавæр, кæцытæн хуылфы тугцыд райдыдта æмæ ныр сын арызт цæуы æнæаргъæвгæ операци.
«Знон аварийы бынатæй нæм æрбаластой æртæ сылгоймагы. Сæ уавæр ацы этапыл у критикон, сæрмагондæй та сæ дыууæйы. Фæбæрæг сæм ис æппæрццаг динамикæ, райдыдта хуылфы тугцыд æмæ сæ бакодтой операицон блокмæ, цы ран сын аразынц æнæаргъæвгæ операци. Æртыккаг сылгоймагы уавæр ацы этапыл у абаргæйæ стабилон, хуыссы реанимацион хайады. Арызт сын цæуы басгæрст. Ацы этапыл се ртæйæн дæр, цардимæнæбадгæ травмæтæ. Сæ астæуккагы кар у 25 аз», – райхъусын кодта Леван Ратиани.