Шалва Папуашвили – Опозици ныфс дæтты æвзарджытæн, цæмæй архайдзысты æддейæ райсгæ амынддзинæдтæм гæсгæ, ацы æмвæзадыл æмбарынц хицауады бæрндзинад, мах æрмæст гуырдзиаг адæммæ дарæм нæ хъус
Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвилийы расидæнмæ гæсгæ, оппозици бынæттон хиуынаффæйады æвзæрстыты æнтыстдзинадыл ныфс ма хъуамæ æвæра.
Папуашвилийы ныхасмæ гæсгæ, оппозици хицауады бæрн афтæ æмбары, цæмæй хицауад хъуамæ архайа æддейæ райсгæ рекомендацитæм гæсгæ.
Папуашвили Шалва куыд банысан кодта афтæмæй, Гуырдзыстоны хицауад «æрмæст гуырдзиаг адæмыл æууæнды».
«Куыд гæнæн ис æмæ оппозици, фæсарæйнаг адæймаджы раз иу къахыл лæугæйæ, ныфс дара æвзæрстыты исты æнтыстдзинадæй? Уый у æрдзон. Оппозици ныфс дæтты æвзарджытæн иунæг хъуыддагæй, цæмæй архайдзысты æддейæ райсгæ рекомендацитæ, уынаффæтæ кæнæ амынддзинæдтæм гæсгæ. нæ æууæндут еврокамисы пресс-нымæрдары æххуысгæнæгыл?Ацы æмвæзадыл уыдон æмбарынц хицауады бæрндзинад Мах æрмæст гуырдзиаг адæмыл æууæндæм уый уыдонæн у проблемæ.
Уымæй дарддæр ма, парламенты сæрдары ныхасмæ гæсгæ, дыууæ оппозицион парти – «Лело» æмæ «Гахариа Гуырдзыстоны тыххæй» бынæттон æвзæрстытæм цæттæ кæнынц æмæ регионтæн хæслæвæрдтæ раттой.
Папуашвилийы ныхасмæ гæсгæ, уыдон сайынц сæ æвзарджыты.
«Æз фидарæй зонын, цæмæй ацы моменты, «Лело» æмæ «Гуырдзиаг» æрмæст сæхи нæ цæттæ кæнынц, уыдон ныридæгæн рахызтысты активон акцитæм, радтой хæслæвæрдтæ регионтæн». Хъæлдзæг у, сæ æвзарджыты цæстытæм æртæхтæ куыд калынц, уый. Ацы адæм сæхи æвдисынц революционертæй æмæ ацы рæстæджы райдыдтой æвзæрстытæ организаци кæнын æмæ сæхи цæттæ кæнын. «Чысыл бæстæ у æмæ уый алкæмæн дæр йæ бон у фенын, уæлдайдæр уымæн æмæ бынæттон хицауады æвзæрстытæ сты æмæ алцыппæт уый регионы зыны, æмбæхст нæу» – банысан кодта Папуашвили.