Шалва Папуашвили фембæлдис  Австрийы парламенты федералон советы  президентимæ
Шалва Папуашвили фембæлдис Австрийы парламенты федералон советы президентимæ

Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили  Австрийы  Республикæйы  парламенты федералон советы президент Клаудиа  Арпаимæ фембæлдис. Уый фæдыл  информаци  парламенты пресскуыст хъусын кæны.

«Шалва Папуашвили  æвæрццаг аргъ скодта   фæстаг периоды гуырдиаг-австриаг  ахастыты райтынгы  динамикæ æмæ бахахх кодта  сæххæст реформæты бæрзонд æмвæзады вищиттæ.

Уый ма афтæдæр  бузныг загъта  австриаг фарсæн Гуырдзыстоны  территорион æнæхъæндзинадæн æмæ  фарсхæцыны тыххæй æмæ  Гуырдзыстоны Австрийы  райрæзты агентады (ADA) бирæазон бастдзинады тыххæй.

Шалва Папуашвили равдыста райгонддзинад  Еврокомиссийы  лæвæрд рекомендацийæ  Гуырдзыстонæн кандидаты статус раттыны фæдыл  æмæ ныфс равдыста, цæмæй декабры  европаг  совет  официалонæй  ратдзæн Гуырдзыстонæн кандидаты статус.  Уый ацы æрдгæй Астрийы  фарсхæцыны  ныфс разагъдта.

Клаудиа Арпа  банысан кодта, цæмæй  ацы вищит Бундесраты  фыццаг визит у  Гуырдзыстоны парламентм æмæ   раарфæ кодта Гуырдзыстонæн, Еврокомиссийы позитивон  рекомендаци райсын.  Уый бахахх кодта  Еврокомиссийы  æрдгæй  бæрæг  9 приоритеты сыххæсты нысаниуæг.

Фембæлдыл ныхас уыд  Гуырдзыстоны прогрессыл  экономикон  æмæ демократон  райрæзты фæндагыл.  Хъусдард   здæхт уыдис 2024 азы  æвзæрстыты  æнтыстджын ауадзыныл. Сæрдар, афтæдæр  афæлгæста  Гуырдзыстоны  арызт къахдзæтæ  Евроцæдисы  2 рекмоендацийы сыххæсты æрдгæй.

Фарсытæ  бахахх кодтой иумæйаг мадзæлттæ, кæцыты нысан уыдзæн   фæсивæды æхсæн демократийы фæдыл зонындзинад  сбæрзонддæр кæнын æмæ  æмбæстагон рухсады  стимуляцидзинад, кæцыйы тыххæй  хъуыдыты  фыстæг  Австрийы  националон советы президенты, Вольфганг  Собокайы  визиты  фæлгæтты  бафыстой къух», –  банысангонд у  парламенты пресскусты информацийы.