Бидзина Иванишвили – абон 1 октябр у, сæрибардзинад æрыздахыны бон, бон кæцы нæ бæстæйы историйы Гуырдзыстоны æмæ гуырдзиаг адæмы æнæпрцедентон иудзинад æвдисы
Абон 1-æм октябр у, сæрибардзинад æрыздахыны бон, бон кæцы æвдисы нæ бæстæйы бирææнусон историйы Гуырдзыстоны æмæ гуыдзиаг адæмы прецедент цæмæн нæй ахæм иудзинад. Бон кæцы æвдисы хæдбар Гуырдзыстоны историйы сæйраг уæлахиздзинад æмæ гуырдзиаг лæгы цæсгом йæхимæ æрыздæхт! – уый фæдыл «Картули Оцнебайы» цытджын сæрдар Биздина Иванишвилийы фидиуæны дзырдæуы.
Бидзина Иванишвилийы фидиуæнæй, зæгъгæ фыццаг октябр нæу искæцы партийы сæрмагонд, искæцы адæймагы, фæлæ у гуырдзиаг адæмы, Гуырдзыстоны æмбæстæгты сæрмагонд.
«2012 азы 1 октябр нæ историйы иуæй-иу сæйраг бындур у, гуырдзиаг адæмы уæвыны иуæй-иу сæйраг раст, бон кæцы сегасдæр хуыздæр æвдисы гуырдзиаг ген æмæ фыдæлты бын – куыд фæнды тыхджындæр уа знаг, мидæгон æви æддæйæ, хъуыддаг адæмы намыс æмæ сæрибардзинадмæ куы æрцæуы, уæд ма фæстæмæ фæндаг хуымæтæгæй нал баззайы!
1 октябр нæу искæцы партийы, искæцы адæймагы, 1 октябр у гуырдзиаг адæмы, Гуырдзыстоны æмбæстæгты сæрмагонд, кæцытæ ацы диссаг иудзинадæй «Картули Оцнебаимæ» иумæ, бæстæйæ æрысадтой æлгъаг цъыф, кæцы нын нæ дæтта фадат сæрибарæй улæфын, хъуыды равдисын, рæстдзинадæн тохы, аккаг царды, бинонты æмæ хæстæджытыл аудын, кусын, бизнес аразыны, ахуыр райсыны æмæ зæры бонты аккагæй арвитыны фадат», – дзырдæуы фидиуæны.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ патриотизм æрмæст хæцæнгарзимæ къухты фыдыбæстæйы сæрыл тох нæу, алцыппæтим æиумæ, уый у ныфсджындзинад, цæмæй æнæрастдинадæн йæ ныхмæ слæууай сегасдæр зын моменты сбæрзонд кæнай дæ хъæлæс, раст йеуæд, исты сдзурын куы ничи хæссы йæ ныфс. Растдæр уый тыххæй,Иванишвилийы фидиуæнæй, нысаниуæгджын у 26 октябры æвзæрстыты «Картули Оцнебайæн» йæ фарс рахæцын.
«26 октбяры боныфæткы нæй политикон симпати-антипатийы, фæлæ Гуырдызстоны уæвын-нæуæвыны фарста лæууы! Хуыцауы æмæ фыдыбæстæйы раз æсджын стæм нæ хъæбултæн нæ фидæны фæлтæрæн хæдбар æмæ сабыр Гуырдзыстон ныууадзæм, уый тыххæй дæр 26 октябры хъуамæ баиу уæм æмæ фæуæлахиз уæм! Нæ иунæг фæндаг у æрмæст сабырæй, цæсгомджынæй æмæ фарнæй Европæйы æрдæм! Уæлахз уæд Иугонд, тыджын æмæ дидинæфтыд Гуырдзыстон», – фыссы Бидзина Иванившили йæ фидиуæны.