Шалва Папуашвили фембæлдис Австрийы парламенты федералон советы президентимæ
Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили Австрийы Республикæйы парламенты федералон советы президент Клаудиа Арпаимæ фембæлдис. Уый фæдыл информаци парламенты пресскуыст хъусын кæны.
«Шалва Папуашвили æвæрццаг аргъ скодта фæстаг периоды гуырдиаг-австриаг ахастыты райтынгы динамикæ æмæ бахахх кодта сæххæст реформæты бæрзонд æмвæзады вищиттæ.
Уый ма афтæдæр бузныг загъта австриаг фарсæн Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинадæн æмæ фарсхæцыны тыххæй æмæ Гуырдзыстоны Австрийы райрæзты агентады (ADA) бирæазон бастдзинады тыххæй.
Шалва Папуашвили равдыста райгонддзинад Еврокомиссийы лæвæрд рекомендацийæ Гуырдзыстонæн кандидаты статус раттыны фæдыл æмæ ныфс равдыста, цæмæй декабры европаг совет официалонæй ратдзæн Гуырдзыстонæн кандидаты статус. Уый ацы æрдгæй Астрийы фарсхæцыны ныфс разагъдта.
Клаудиа Арпа банысан кодта, цæмæй ацы вищит Бундесраты фыццаг визит у Гуырдзыстоны парламентм æмæ раарфæ кодта Гуырдзыстонæн, Еврокомиссийы позитивон рекомендаци райсын. Уый бахахх кодта Еврокомиссийы æрдгæй бæрæг 9 приоритеты сыххæсты нысаниуæг.
Фембæлдыл ныхас уыд Гуырдзыстоны прогрессыл экономикон æмæ демократон райрæзты фæндагыл. Хъусдард здæхт уыдис 2024 азы æвзæрстыты æнтыстджын ауадзыныл. Сæрдар, афтæдæр афæлгæста Гуырдзыстоны арызт къахдзæтæ Евроцæдисы 2 рекмоендацийы сыххæсты æрдгæй.
Фарсытæ бахахх кодтой иумæйаг мадзæлттæ, кæцыты нысан уыдзæн фæсивæды æхсæн демократийы фæдыл зонындзинад сбæрзонддæр кæнын æмæ æмбæстагон рухсады стимуляцидзинад, кæцыйы тыххæй хъуыдыты фыстæг Австрийы националон советы президенты, Вольфганг Собокайы визиты фæлгæтты бафыстой къух», – банысангонд у парламенты пресскусты информацийы.