Шалва Папуашвили – хæсты фыдгæнджытæн сдзуапп кæндзæн расттæрхон  æмæ уый  аразы  «Картули Оцнеба»
Шалва Папуашвили – хæсты фыдгæнджытæн сдзуапп кæндзæн расттæрхон æмæ уый аразы «Картули Оцнеба»

 

Оппозици   цæттæ у,  хъайтарты нæмтты  фæстæ  бамбæхса,  хæсты фыдгæнджытæн та  дзуапп ратдзæн  расттæрхон æмæ уый  саразы «Картули Оцнеба», – уый фæдыл   Гуырдызстоны  парламенты сæрдар  Шалва Папуашвили райхъусын кодта.

Папуашвилийы дзырдæй,  зæгъгæ разындысты сæ  цæсгæмттæ æнæрмæст оппозицийæн, фæлæ ма  æнæхицауадон секторæн дæр.

«Хæсты фыдгæнджытæн  дзуапп ратдзæн  расттæрхон æмæ уый  аразы «Картули Оцнеба». «Националон Змæлд»  цы фæуагъдта  Гаагæйы мæ Страсбургы  процесты, фактиконæй  нæныфс  уыдысты  ацы хъуыддæгтæ,  уыдоны  «Картули Оцнеба»   фæстæмæ разылдта  æмæ дыууæдæр хъуыддаг рамбылдта. Уый у  растдæр   уый фæстиуæг, цæмæй  æфхæрд хъуамæ æрцæуа уый,  чидæриддæр 2008  азы  хæсты  фыдракæнд сыххæст кодта. Растдæр  «Картули Оцнебайы» тыхайрхайдæй, Гаагæйы  тæрхондон Цхинвалы  а.х. МХМ министрыл æмæ æнæзакъонон   изоляторы   къухдариуæггæнæгыл  рауагъда  æрцахсты  ордертæ. Хæсты фыдгæнджытæ  дзуаппмæ лæвæрд уыдзысты  расттæрхоны раз.  Хæсты фыдракæнд чи  сыххæст кодта, уый нымæцы  хъизæмарæй  амардта  Анцъухелидзейы,  уыдон расттæрхонмæ   гæсгæ ратдзысты  дзуапп.

Разындис æнæрмæст оппозицийы, фæлæ ма,  уымæй скандалондæр цы  у, нæ  æнæхицауадон секторы  цæсгом, кæцы   ирон  адæмы  схуыдта марджытæй æмæ  комкоммæ   сæ сæмбæр кодта  ирон адæмы  хæсты  фыдгæнджытимæ.  Азты  дæргъы æнæхицауадон секторы Фæсарæнтæй  æрвыст милуантæ  цæвиттон  конфликты   алыгы  фарстатыл хъуамæ  бахардз  уыдаит, фæлæ  рабæрæг ис, цæмæй æнæхицауадон сектор   ирон  адæмы схуыдта хæсты фыдгæнджытæй,  кæйимæ дæр  сæ хъуыдымæ гæсгæйæ,  ысдзуринаг  дæр ницы  ис, кæцы  фактонæй  у  скъандал.  Нолды  иу хатт рабæрæг ис  цавæр кризисы  ис  æнæхицауадон  сектор», –  райхъусын кодта  Шалва Папуашвили.

Папуашвили куыд банысан кодта, афтæмæй, зæгъгæ   Гуырдзыстоны  территорион æнæхъæндзинады  сæндидзын кæнынæй   стырдæр нысан нæй.

«Территорион æнæхъæндзинад  сæгас кæнын æрцæудзæн æрмæстдæр сабырадон фæндагæй.   Сабырадон фæндаг йæ хъуыдыйы  дары æрмæст фидыды фæндагæй  цыд.  Фидыд та  йæ хъуыдыйы  дары фæсмон  æмæ  кæрæдзийæн ныххатыр. Уый у фæндаг, кæцы нæ фæхæццæ  кæндзæн Иугонд Гуырдзыстонмæ», –  райхъусын кодта Шалва Папуашвили.