Шалва Папуашвили – фæнды мæ разæнгард кæнон цæрджыты, цæмæй алцыппæт уыдзæн хорз, нæ уыдзæн хаос, змæстытæ æмæ боны фæткы ивд
Фæнды мæ разæнгард кæнон цæрджыты, цæмæй алцыппæт уыдзæн хорз, нæ уыдзæн хаос, змæстытæ кæнæ боны фæткы ивд, – расидтис Гуырдзыстоны парламенты сæрдар, Папуашвили Шалва.
Папуашвилийы ныхасмæ гæсгæ, хицаугæнæг командæйы æвзарджытæ нæ фæфыдæнхъæл уыдзысты.
«Фæнды мæ разæнгард кæнон æнæхъæн цæрджыты, æмæ фыццаджы дæр нæ фарсылхæцджыты, парти «Гуырдзиаг Бæллиццы», нæ æвзарджыты, иу милуан æмæ сæдæ мин адæймаджы, цæмæй алцыппæт хорз уыдзæн. Нæ уыдзæн хаос, æнæфæткдзинад æмæ боны фæткы ивд. Сымах нын радтат мандат, кæцыйæн стыр бæрндзинадимæ хæцæм, хъахъхъæнæм æмæ аргъ кæнæм. Ацы æууæнк нæ уыдзæн æмæ нæй гæнæн фæфыдæнхъæл уа. Ноджы иу хатт бузныг уæ æууæнчы тыххæй æмæ бузныг уæ æххуысы тыххæй ацы тæвд бонты, кæцыйы мах æнкъарæм, æмбарæм æмæ аргъ кæнæм. Хъуамæ æмбарæм, цæмæй арæзт уавæр у уыцы процессы ахорæн, кæцы цæуы нæ бæстæйы алыварс æмæ кæцыйæ мах æнæмæнгæй ацæудзыстæм сабырадмæ», – расидтис Папуашвили Шалва.