Шалва Папуашвили – 31 мартъы гуырдзиаг схъæлæс кодтой æлдар раивынæн, кæнæ  хуыздæр уавæрты цагъарадæн нæ фæлæ, алкæмæй хæдбардзинадæн æмæ хæдбындурдзинадæн
Шалва Папуашвили – 31 мартъы гуырдзиаг схъæлæс кодтой æлдар раивынæн, кæнæ хуыздæр уавæрты цагъарадæн нæ фæлæ, алкæмæй хæдбардзинадæн æмæ хæдбындурдзинадæн

26-æм октябры парламентон æвзæрстыты гуырдзиаг адæм сфæлхатт кодтой æмæ сбæлвырд кодтой 31-æм марты референдумы фæстиуджытæ – Гуырдзыстоны паддзахадон хæдбардзинад хъуамæ хъахъхъæд æрцæуа – ныффыста парламенты сæрдар Папуашвили Шалва социалон медийы.

Папуашвили куыд банысан кодта афтæмæй, хæдбардзинад æрвылбонон тыхархайдтыты фæстиуæг у.

«Мах 70 азы дæргъы фæцардыстæм Советон империйы, кæцы йæ ​​фæд ныууагъта нæ менталитетыл.Фæстиуæг уый мидæг ис, æмæ æндæр адæмы тырысатæ хæссæг адæм нырма дæр агурынц хъахъхъæнæг, ног хицау, ног гегемон, фыды æмæ зонтык, кæцы сæ æмбæхсдзæн йæхимæ, бахъахъхъæндзæн, рискътæй сæ баиргъæвдзæн, хъарм кæндзæн. Цагъарады  ацы  фæндон у  æнæхъомылдзинад æмæ инфантилизмæй  рацæугæ. Мах уыдæттæ ницæмæ  хъæуы. Хъуамæ  схъомыл уæм. Æмæ мах схъомыл ыстæм.  Мах иууылдæр, гуырдзиаг адæм æмæ сæ хицауад, иумæ аскъуыддзаг кæндзыстæм, куыд хъуамæ аразæм нæхи хъысмæт, кæй хъуамæ скæнæм знæгтæй æмæ хæлæрттæй, æмæ «кæцы стъалыйы фæдыл ацæуæм».

Ныр ацы  рæстæг у  нæхи, алы  æмбæстагы, чидæриддæр паддзахыды  хæдбардзинад æмæ суверенитет  сæвзæрста,  бæлвырд чи загътам, цæмæй  «ног æлдары агурæг нæ фæлæ, нæ фæнды нæхæдæг хицауиуæг кæнæм нæхицæн», –  фыссы  Папуашвили.