Шалва Нателашвилийы  бахæсджын кодтой, Тея Цъулукианийы  æрдæм аххосæгты мæнгæй равдисын æмæ  дыууæ лари бафидын
Шалва Нателашвилийы бахæсджын кодтой, Тея Цъулукианийы æрдæм аххосæгты мæнгæй равдисын æмæ дыууæ лари бафидын

Тбилисы сахарон тæрхондон сразы ис,  Тея Цъулукианийы   хъастимæ Шалва Нателашвилийы  ныхмæ – информацийы  ахæлиу кодта  Гуырдзыстоны  юстицийы  министрад.

Тæрхондоны скуыддзагы  бындурыл, «Лейбористон партийы»  лидер, тыхбын бауыдзæн,  уыцы  уацхæссæг  компаниты фæрцы, кæцыты дæр  юстицийы министры æрдæм  2016 азы  19 октябры æмæ 23 ноябры  хахуырхæссæг фидиуæнтæ  арызта,  сæрмагонд æнæраст  ныхæсты тыххæй  хатыр ракурын.

«Тæрхондон сразы ис  хъастгæнæг  Цъулукианийы   аргументтимæ  æмæ уæрæх  дкументон æрмæгимæ уый фæдыл, цæмæй Шалва Нателашвилийы фидиуæн  у  хахуыр, уымæн æмæ   бындуронæй  мæнг  фактытыл дзырдта.  Тея Цъулукианийы  Страсбургы  æлхæд хæдзар,  æцæгæй дæр Тея Цъулукианийы хисрæмагонд хцайæ æлхæд уыдис  уыцы рæстæджы,  уый  адæймаджы   барты  Европæйаг  тæрхондоны  куы куыста  æмæ  йæ  политикъæмæ æрбацыдæй бирæ  раздæр.  Уымæ гæсгæ дæр,   тæрхондон сбæлвырд кодта, цæмæй Шалва Нателашвилийы  фидиуæн  уый тыххæй, цæвиттон  ацы хæдзары министрæн балхæдтой   политикъæмæ æрбаиу кæныны  фæстæ æмæ  уымæй йæ зæрдæ балхæдтой  зæгъгæ,  у  хахуыр» – дзырдæуы  Юстицийы министрады фидиуæны.

Уагдоны хъусинагæй,   тæрхондон  афтæдæр сразы ис  Тея Цъулукианийы  æркуырдимæ  æмæ  моралон зианы  тыххæй, Шалва Нателашвилийæн, символонæй дыууæ ларийы   бафидын  бахæсджын кодта.

Фæнысангонд тæрхоныскуыды, тæрхондон абон рахаста.