Тея Цъулукиани æртæ театры  аивадон къухдариуæггæнджыты снысан кодта
Тея Цъулукиани æртæ театры аивадон къухдариуæггæнджыты снысан кодта

Гуырдзыстоны культурæйы, спорты æмæ фæсивæдон хъуыддæгты  министр Тея Цъулукиани,  министрады  лæвæрд брифингыл,  æртæ театры аивадон къухдариуæггæнджыты  снысан кæныны фæдыл фидиуæны  сарызта.

Министры уынаффæйæ, Резо Габриадзейы номыл  театры  аивадон  къухдариуæггæнæгæй  режиссер  æмæ артист  Леван Габриадзе, къæмты  профессион  паддзахадон театр  «Абхазети»-ы аивадон  къухадриуæггæнæгæй снысан ис  режиссер, артист  æмæ  драматург Гела  Канделаки, Шота Руставелийы  номыл   националон театры  аивадон къухдариуæггæнæгæй  та  Роберт Стуруа.

Се ртæ дæр  ацы театрты  архайæг  аивадон  къухдариуæггæнджытæ сты æмæ сын ацы позицийы  уæвыны æмгъуыд  2021  азы 31 фæуд кæны.