Сеулы ацæудзæн равдыст «Гуырдзыстон сæндуцынады авдæн»
Сеулы ацæудзæн равдыст «Гуырдзыстон сæндуцынады авдæн»

Сæны националон агентады информацийæ,   Хуссар Кореяйы  сæйраг горæт Сеулы 2021 азы  3 мартæй  фыццаг апрел хынцгæйæ,   Кореяйы   фонды  галерейы ацæудзæн  равдыст  «Гуырдзыстон сæндуцынады  авдæн».

Агентады хъусинагæй,  экспозицийыл  равдыст уыдзæн   Гуырдзыстоны   националон   музейы  хъахъхъæд  уникалон  экспонатты фотохуызæгтæ, Гуырдзыстоны  территорийыл   археологион  къæхтыты  фæстиуæгæн ссаргæ  сæны мигæнæнты,  незаманы ювелирон дæсныйады хуызæгтæ;  ныккæнды, быркуыйы æмæ  гуырдзиаг архитектурæйы цырттæ æвдисæг  куыстытæ, афтæдæр  национ музейы  уникалон  фотоархив, кæцыйы фæрцы,  равдыстмæ бацæуджытæ  æрзонгæ уыдзысты  гуырдзыстоны  сæндуцынады  8 000 азон  æнæаскъуынгæ традициимæ.

«Хуссар Корея дунейы  масштабæй  сæны  иуæй-иу  сатвддæр импортер  бæстæ у  æмæ гуырдзиаг сæны  приоритетон базар у. 2020 азы Гуырдзыстонæй  Хуссар Кореямæ  90 мины онг   авгы  экспорт сыххæст, кæцы 353 процентæй  фылдæр у 2019 азы аналогион периодимæ абаргæйæ», – дзырдæуы  информацийы.