Саломэ Зурабишвили -  махæн, нæ  сегасдæр  фидар хæцæнгарз æмæ   тых у Сæрибардзинад, кæцыйæ  хъуамæ   хæцæм  оккупацийы æмæ цыфæнды формæйæ цагъарады ныхмæ
Саломэ Зурабишвили - махæн, нæ сегасдæр фидар хæцæнгарз æмæ тых у Сæрибардзинад, кæцыйæ хъуамæ хæцæм оккупацийы æмæ цыфæнды формæйæ цагъарады ныхмæ

Орбелианиты  галуаны, Советон оккупацийы  боны фæдыл  æвзонг гуырдзиаг   артистты  сфæлдыстады равдыст байгом ис.

Президенты  администрацийы информацийæ,   равдыстæн йæ нысан  у  25 февралы  трагикон  бон  равдиса   знаджы  саст  æнæрмæст  Гуырдзыстоны  паддзахаддзинады тыххæй,  фæлæ ма æмтгæй райсгæйæ, гуырдзиаг культурæйы æмæ сфæлдыстады ныхмæ  тохы.

Равдысты  хайадисджыты  æмæ уазджыты раз дзырдæй рацыд  Гуырдзыстоны  президент  Саломэ Зурабишвили.

«Ай тынг  уæззау  бон у, фæлæ  сегасдæр ахсджиаг у,   тох адарддæр уа, алы формæйæ  хъуамæ тох кæнæм    оккупацийы ныхмæ  æмæ  цагъарады алы формæйы ныхмæ, æмæ æнæмæнгхъæугæ нæу   æрмæтс хæстæй æмæ  хæцæнгарзæй.   Сегасдæр тыхджын  хæцæнгарз у –   сæрибар магъз.  Уымæй  басæтдзыстæм  Путинизмы  алы  формæ, уымæн  æмæ уый у , цæй тыххæй дæр  райгуырдис  адæймаг æмæ цæй  тыххæй дæр цæры.

Уый тыххæй  тынг амонджын дæн, цæмй абон   байгом кодтам ацы дуар  алы  уыцы  адæймагæн, чидæриддæр  уæгъдибар хъуыды кæнын хъом у, уæгъдибарæй  тох кæны, сæрибарæй  хъуыды кæны.   Ацы сæрибар Гуырдзыстон у  уыцы Гуырдзыстон, кæцыйы  ничи  никæд  бонты   нæ бафæраздзæн  басæттын», – райхъусын кодта  президент.

Равдысты  хайад исынц: Борена  Начъхъебиа, Нана Ахобадзе, Нино Гидеридзе (Год Эра), Гела Патиашвили, Давит Къухалашвили, Ута Бекаиа, Гурам Шавдиа, Машо  Одишелидзе, Иоана Цъулаиа, Тео Маспи, Вато Бакрадзе, Дато Апакидзе.