Сергей Шойгу хъусын кæны, цæмæй хайгай мобилизацийы фæлгæтты, 300 мин резервисты аситдзысты æфсадмæ
Уæрæсейы хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгу хъусын кæны, цæмæй хайгай мобилизацийы фæлгæтты æфсадмæ асидтдзысты 300 мин резервисты. Уый фæдыл Шойгу Владимир Пуин хайгай мобилизаци куы райхъусын кодта уый фæстæ фæныхас кодта уырыссаг медиаимæ.
Шойгуйы дзырдæй, зæгъгæ Уæрæсемæ ис мобилизацийы егъау ресурс, кæцы æмтгæй райсгæйæ 25 милуан адæймагы бæрц у.
Шойгу куыд банысан кодта афтæмæй, хайгай мобилизаци дæлбар сты уыдон чидæриддæр æфсæддон службæ рацыд, кæмæндæриддæр ис æфсæддон спцециалондзинад æмæ хæстон фæлтæрддзинад. Афтæма, цæмæй а.х. «специалон æфсæддон операцимæ» арвитыны дæлбар нæ уыдзысты студенттæ æмæ сидтонтæ.
Уæрæсейы хъахъхъæнынады министры дзырдæй, Украинайы фронты хахх, минæй фылдæр километры дæргъæн у.
«Цæй зæгъын æй хъæуы, ацы хаххы фæстæ цы ис уый сфидар кæнын хъæуы, ацы терирторитæ хъуамæ контролгонд уа æмæ фыццаджы дæр, растдæр уый тыххæй цæуы ацы мобилизаци» – райхъусын кодта Шойгу.
Шойгуйы дзырдæй, абон Уæрæсе хæцы Украинаимæ нæ фæлæ, «коллективон ныгуылæнимæ».
«Абон мах хæцæм уый бæрц Украинаимæ нæ фæлæ, коллективон ныгуылæнимæ, уымæн æмæ уыцы хæцæнгарз, кæцы Украинамæ уыдис, уый фактонæй фæцис, уый уыдис советон хæцæнгарз», – райхъусын кодта Сергей Шойгу.
Уæрæсейы хъахъхъæнынады министры фидиуæнæй, ныгуылæн Украинайæн стыр бæрцæй хæцæнгарз дæтты, афтæма бастдзинады, рагысгарæг куысты системæтæ.
Шойгуйы ныхæстæм гæсгæ, Украинайы зæгъгæ амард 5 937(!) уырыссаг æфсæддон. «ВВС»-ы уырыссаг куыст куыд банысан кодта афтæмæй, Уæрæсейы хицауад сæфты фæдыл бæрæггæнæнтæ марты фæстæ фыццаг хатт райхъусын кодта. Банысан кæнын хъæуы уый, цæмæй Украинайы хицауады информацийæ, Украинайы 50 минæй фылдæр уырыссаг æфсæддон амард.
Уæрæсейы президент Владимир Путин бæстæйы хайгай мобилизацийы тыххæй райхъусын кодта. Уый фæдыл Владимир Путин специалон сидты рæстæджы загъта.