Оккупацигонд Абхазы раздæры премьер-министр Сергей Шамба хъусын кæны, цæмæй зæгъгæ Батумæн йæ бакаст бирæ бонджындæр у Гаграимæ абаргæйæ. Уый фæдыл Шамба, радио «Эхо Москвы»-имæ интервьюйы рæстæджы загъта.
Журналисттæ интервьюйы рæстæджы банысан кодтой, цæймæ Батум у Европæйаг æмвæзады курорт, æрмæст Сергей Шамбайы та фарстой, куыд рæвдз у сахар Гаграйы инфраструктурæ.
«Нæ йæ æмбарын, кæмæн йæ зæрдæмæ цæуы, кæмæн та -нæй. Мæнмæ гæсгæ, фылдæр уæддæр зæрдæрухс сты Абхазы æрвыст улæфтæй. Бирæтæ нæм æрцæуынц. Мæнæн ерын зын у ныхас кæнын. Сæрмагонд цæстæнгас мæм ис, интересджын дæн, фæлæ хъуыды кæнын, цæмæй Батумæн йæ бакаст бирæ бонджындæр у æмæ бынтон æндæр бæрзæндыл лæууы. Ам зæгъæн ис бирæ хуымæтæгдæр у алцыппæт, фæлæ дзы денджыз ам дæр хорз у, Батумæй хуыздæр дæр у»- банысан кодта Шамба, Гаграйы инфраструктурæйы фæдыл лæвæрд фарсты дзуаппæн.
Сергей Шамбайы ныхæстæм гæсгæ. Ачъарайы курорттæ фылдæр райтынггонд сты, уымæн æмæ «уым зæгъгæ фылдæр инвестици уыд».
«Гуырдзыстонæн æххуыс кæнынц æппæт дунейæ, АИШ, Европæ, бирæ бæстæтæ сæ банымадтой æмæ интересджын сты Гуырдзыстоны инвестицитæ нывæрынæй. Аъчарайы инвестицитæ æвæрынц Хъазахстан, Азербайджан дæр æмæ бирæ æндæр бæстæ. Мах та фылдæр ориентацигонд стæм æрмæст уырыссаг инвестициты æрдæм. Ис цалдæр инвестор Туркæй, фæлæ фылдæр уæддæр сты Уæрæсейæ. Фæлæ ам бирæ вазыгджындæр у. 2008 азы онг мах уыдыстæм блокадæйы, уый дæр æнæмæнгæй хъæуы зæрдыл бадарын. Абхазы уыдис хæст. Ам скуынæг ис инфраструктурæ æнæхъæнæй, æдазовдтæ, æдфабрикæтæй иууылдæр. Æппæт ифтонггарзтæ фæластой Гуырдзыстонмæ, денджызон наутæ дæр. Алцыппæт, цæй аласын сæ бон баис, иууылдæр аластой. Мах та æрцыдыстæм бынтон куынæггонд æмæ мæгуыр сæйраг сахармæ. Бирæтæн сæ хæдзæрттæ басыгъдтой, ис мидмиграци. Мах ацы зындзинæдтæн нырма нæ бахъом стæм, сындæггай сæ æрбиноныг кæндзыстæм, Уæрæсе нын æххуыс кæны. Алцыппæт ай у Уæрæсейы æххуысы руаджы» – райхъусын кодта Шамба.
Оккупацигонд Абхазы раздæры а.х. премьер-министр, Сергей Шамба, «Эхо Москвы»-имæ интервьюйы фæныхас кодта Гуырдзыстоны æмæ оккупацигонд Абхазы æхсæн ахастытыл.