Сергей Шамба – Афон у Гуырдзыстонимæ диалог райдаын
Сергей Шамба – Афон у Гуырдзыстонимæ диалог райдаын

Оккупацигонд  абхазы  раздæры а.х.  премьер-министр,   Сергей Шамба,   рауагъдад «Эхо Москвы»-имæ  уæрæх  интервьюйы, Гуырдзыстон æмæ  оккупацигонд Абхазы  æхсæн  ахастытыл  фæныхас  кодта. Раздæры  а.х.  премьер-министр райхъусын кодта, цæмæй  гуырдзиæгты  знæгтыл нæ нымайы  æмæ йын Гуырдзыстоны   хæлæрттæ дæр ис зæгъгæ.

«Гуырдзыстоны ныхмæ  тохы  зæгъæн ис,  лидер мæхæдæг уыдтæн.  Фæлæ  афтæдæр фыццагæй  райдыдтон дзурын уый тыххæй,   цæмæй  афон  у  диалог райдаын.  Мах хъуамæ хъуыды кæнæм иумæйаг финалы,  уымæн  æмæ сыхагæтæ  стæм  æмæ нæ  хъысмæт  кæрæдзийы фæрсæй-фæрстæм æрцæрын кодта. Сыхаг адæмты æхсæн  мæ хъуыдыйы  дарын æнæрмæст Гуырдзыстон. Европаг паддзахадты æхсæн дæр уыдис конфликттæ.  Уыдон  кæрæдзиимæ хæцыдысты.  Фæлæ   кæддæриддæр æрлæууы ахастыты  срегулир кæныны  афон.  Мæ хъуыдымæ гæсгæ,  «Гуырдзыстонимæ гæнæн ис растдæр ахæм диалог райдаын», – райхъусын кодта Сергей Шамба интервьюйы рæстæджы.

Оккупацигонд Абхазы  раздæры  а.х.  премьер-министр  банысан кодта, цæмæй   ИНО-йы  хъуыддаджы  бацыды рæстæджы, бадзырдтæ интенсивонæй  цыдысты.  Фæлæ 2008 азы, миссийы  æрурæды  фæстæ,   æнæхъæнæй  процесс  урæд æрцыд.  Ныр Гуырдзыстонимæ  контакты иунæг  фадат йæ ныхæстæм гæсгæ у,   Женевæйы  бадзырдтæ,  кæцы  периодонæй   цæуынц  уагъд.

«Мæ  хъуыдымæ гæсгæ,   бадзырдты  ацы  фадатæй  æнæмæнгæй   хъуамæ спайда кæнæм.  Æндæр гæнæн нæй.  Стыр ныфс мæ ис,  нæ фидæны  фæдыл  исты диалог райдайдзæн», – банысан кодта  Шамба  интервьюйы  рæстæджы.

Уырыссаг рауагъдадимæ  интервьюйы,  Сергей  Шамба  1992-1993 азты  цæугæ  фæзындты  фæдыл  фæныхас кодта  æмæ  Гуырдзыстонимæ бадзырдты кой ракодта,   кæцы  йæ хъуыдымæ  гæсгæ,   æппынфæстагмæ  æнæконсессусæй  фæцис.  Абхазаг  политик банысан кодта,   цæмæй   трагедийы рæстæджы  сæм уыдис Гуырдзыстонимæ æрныхас кæныны  ныфс.

«Ныфс нæм уыдис, цæмæй  ахастыты  цыдæр форматыл  уæддæр æрныхас кодтиаиккам. Разы уыдыстæм  федерацион  ахастытыл дæр.  Уый фæстæ  уыдис  конфедерацион  бадзырды фæдыл.   Примаковы  æхсæны бацыдæй æркастыстæм  вариант, кæцы хуындис  «Иумæйаг  Падзахад».  Фæлæ,  алы  æрнымадгонд  æнхъарæныл,  Гуырдзыстон нæзагъд кодта.   Тынг арæх  уыдыстæм  консессусмæ хæстæг. Фæлæ  фæстагмæ  рабæрæг ис,  цæмæй  гуырдзиаг фарс  алы  проектыл  нæзагъд ракодта», –  райхъусын кодта  «Эхо Москвы»-имæ  интервьюйы рæстæджы   Сергей Шамба.