Сергей Лавров – ныгуылæн нæзагъд ракæнæт æфсæддон объекттæ аразын раздæры советон цæдисы сконды цы бæстæтæ уыдысты уыдоны территоритыл, дзырдæуы нæзагъдыл НАТО-ы дарддæры ауæрæхы фæдыл, кæцымæ гсгæ дæр Украина æмæ Гуырдзыстон НАТО-ы уæнгтæй хъуамæ суой
Ныгуылæны бæстæтæ нæзагъд ракæнæт æфсæддон объекттæ аразын раздæры советон цæдисы сконды цы бæстæтæ уыдысты уыдоны территоритыл, – уый фæдыл Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министр, Сергей Лавров райхъусын кодта гæрзты æрывæрды фæдыл конференцийыл.
Йæ дзырдæй, зæгъгæ ныгуылæйнаг коллегæтæ нырма не вдисынц цæттæдзинад, цæмæй Уæрæсейы æдасдзинадæн дæргъвæтин юридикон гарантитæ раттой.
«Дзырдæуы нæзагъдыл НАТО-ы дарддæры ауæрæхы фæдыл, уый нымæцы Бухаресты формулæ фæстæмæ асидыныл, кæцымæ гсгæ дæр Украина æмæ Гуырдзыстон НАТО-ы уæнгтæй хъуамæ суой. Ныгуылæны бæстæтæ нæзагъд хъуамæ ракæной æфсæддон объекттæ аразыныл раздæры советон цæдисы сконды цы бæстæтæ уыдысты, уыдоны территоритыл, кæцытæ не сты альянсы уæнгтæ, уый нымæцы сæ инфраструктурæйæ пайда кæнын цыфæнды æфсæддон куыстæн. Æмæ фæстагмæ, æфсæддон потенциал, уый нымæцы НАТО-ы бырсæнцыды потенциал æмæ инфраструктурæ хъуамæ æрыздæха 1997 азы уавæрмæ, кæцы рæстæджы дæр бафыстæуыд Уæрæсе-НАТО-ы фундаментон акт. Махæн ацы нысæнттæм баххæссын у принципонæй нысаниуæгджын», – райхъусын кодта Лавров.