Сергей Лавров хъусын кæны, цæмæй АИШ, Франц æмæ Уæрæсе Уæлхох Карабахы тыххæй иумæйаг фидиуæн цæттæ кæнынц
АИШ, Франц æмæ Уæрæсе, Уæлхох Карабахмæ гæсгæ, иумæйаг фидиуæн цæттæ кæнынц – уый фæдыл Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министр Сергей Лавров райхъусын кодта.
«Ныр цæттæ кæнæм æртæ бæстæйы фæсарæн хъуыддæгты министрты фидиуæн, фæлæ цæй зæгъын æй хъæуы, æнæмæнгхъæугæ у, æнææрмæст фидиуæнтыл хъуыды, фæлæ конкртон къахдзæфтæ дæр, кæцыты райсын ис гæнæн тугкалд фæуромынæн æмæ уавæры бадзырдты донвæдмæ æрыздахынæн» – банысан кодта Лавров.
Йæ ныхæстæм æгсгæ, Уæрæсе, Соымихыстон æмæ Азербайджанимæ контактыл ис. Афтæма, тæрхон кæны Уæлхох Карабахы фарстайыл æндæр паддзахадтимæ, сæрмгаондæй та, Туркимæ æмæ Иранимæ.