Сергей Лавров - Информаци, цæвитотн Сирийы АИШ-ы базæтыл ахуыр кæнынц радикал исламисттæ, мæтæфтауæг у
Сергей Лавров -  Информаци,  цæвитотн Сирийы  АИШ-ы базæтыл ахуыр кæнынц  радикал исламисттæ,  мæтæфтауæг у

Уæрæсейы  фæсарæн хъуыддæгты министр  Сергей Лавров,  мæтæфтауæгæй  схуыдта   информацийы,   цæвиттон Сирийы,  АИШ_ы  базæтыл  ахуыр кæнынц радикал  хæцджыты.

Уый фæдыл  Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министр,  телекомпани «RT»-имæ эксклюзивон интервьюйы  райхъусын кодта.

Сергей Лавров  Сирийы   террористты  ныхмæ  АИШ-ы   сæрдариуæгæй  архайæг   æхсæнадæмон  коалицийы  тохæн æвæрццаг аргъ скодта,  фæлæ афтæдæр банысан кодта, цæмæй   Обамайы админстрацийы рæстæджы  америкаг  æфсæддæттæ  джихадистты ныхмæ авиахафт сæххæст кæныныл  арæх   иу не сразы сты зæгъгæ.

Лавров  афтæдæр банысан кодта, цæмæй  Сирийы хæстмæ  Уæрæсейы  баиуы  æмæ   АИШ-ы  администрацийы ивды фæстæ,   коалицийы  тыхархайд фæтынгдæр ис  зæгъгæ.

Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министр афтæдæр ракой  кодта   Египетимæ ахастытыл æмæ   банысан кодта,  цæмæй Мæскуы  æмæ Каир  бирæ  къабазы  æмкуыст   кæнынц,  Уæрæсе æнцой дары  Египетæн  террористты ныхмæ тохы, фæлæ   хæцæн миссийы  райдайын сæ  нырмæ нæ фæнды.