Сербийы  хицаугæнæг  парти Белграды  æвзæрстыты ногæй ауадзыныл сразы ис
Сербийы хицаугæнæг парти Белграды æвзæрстыты ногæй ауадзыныл сразы ис

Сербийы  хицаугæнæг парти Белграды   æвзæрстыты  ногæй ауадзыныл сразы ис.  Ацы  уынаффæ   хицауады   оппозицийы протестон   кæциты æмæ  æхсæнадæмон  цæстдарджыты  æрдгæй 17  декабры  уагъд  æвзæрстыты   æппæрццаг  аргълæвæрды  фæстæ рахаста.

Оппозици   хицауады  зылынджын кодта  æмæ хъусын кодта, цæмæй   хъæлæскæныны  фæстиуджытæ, кæцытæм гæсгæ  фылдæры хай  иунæг  парти дæр нæ райста  æмбæстæгты  фæнды æвдисæг не сты.

28 февралы ОSCE-ы цæстдарæг мисси  публикаци скодта   хыгъдлæвæрд,  кæцыйы  дзырдæуы, цæмæй  Сербийы  ивгъуыд азы  уагъд   æвзæрстытыл   демократон   стандарты  халæг бирæ факт фæбæрæг ис.   Сæрмагондæй  та,  хицаугæнæг партийæн   æнæрæстаг уæлидзинад уыд  медиафæрæзты  æмæ афтæма æнæсанонæй  пайда кодтой  æхсæнадон фондтæй. Нæкæсгæ  уымæ, цæмæй   ОSCE-ы хатдзæды  æвзæсртыты  фæмæнг кæныныл нæ  уыдис  дзырд, Белграды  мэр Александр Шапич  2  марты райхъусын кождьа,  цæмæй  йæ  парти ног æвзæрстытæй нæ тæрсы æмæ цæттæ у   ног хъæлæскæнын  ауадза, цæмæй   æххæст легитимацийыл фæхæст уа.

Уæдмæ Сербьийы  президент Александр   Вучич райхъусын кодта,  цæмæй ОSCE-ы  цæтсдарджыты  хатдзæг   зæрдыл бадарын хъæуы æмæ  Белграды  ног  æвзæрстытæ  ауадзын  хъæуы.