Сербийы президент – ситуацийы æрсабыр кæнын, нысаниуæгджын у,  фæлæ  цыфæнды вазыгджын  уавæр уæд, Серби нæ бакомдзæн æмæ фæуæлахиз уыдзæн
Сербийы президент – ситуацийы æрсабыр кæнын, нысаниуæгджын у, фæлæ цыфæнды вазыгджын уавæр уæд, Серби нæ бакомдзæн æмæ фæуæлахиз уыдзæн

Ситуацийы  æрсабыр кæнын  кæнын нысаниуæгджын у, фæлæ  цыфæнды  вазыгджын уавæр  уæд,  Серби нæ  бакомдзæн  æмæ фæуæлахиз уыдзæн –  уый фæдыл Сербийы  президент, Александр  Вучич,   бæстæйы  æфсады  генштабы уагъд  фембæлды фæстæ  райхъусын кодта.

Александр Вучичы  дзырдæй, бæстæйы хицауад æхсæнадæмон  дзыллæмæ  æрсидтис,  алцыппæт  саразæд  ныттынггонд уавæр  æрсабыр кæнынæн.

«Уырны мæ, дзæбæх хабæрттæ  нæм уыдзæн. Ныфс мæ  ис, сом уыдзæн  деэскалаци  æмæ  сабырдзинадмæ æрцæудзыстæм, компромиссон   уынаффæтæй.  Æввахс бонты вæццæгæн   нын уыдзæн сеппæтæй  стыр   политикон  тох.  Фæнды мæ  бузныг зæгъын уыдонæн, чидæриддæр  Сербийы  фарс рахæцыд, раст чи уыд æмæ  йæ цæстæнгас  разагъдта.  Тыхархайд  хардз кæны  ныттынггонд уавæр  æрсабыр кæнынæн.  Цыфæнды  вазыгджын уавæр  уæд,  Серби нæ бакомдзæни æмæ фæуæлахиз уыдзæн» –  банысан кодта  Вучич.

Медийы хъусинагæй, Сербийы  æмæ Коссовойы дихгæнæг хаххыл, æхсты æмæ  фæдисы сигналты  зæл хъуыстис.