Сенатор Бен Къардин Путины архæйдтыты фæдыл хыгъдлæвæрды Гуырдзыстоны фæдыл дæр ныхас кæны
Демократ сенатор Бен Кардин бавдыста хыгъдлæвæрд сæргондæй «Путины асимметрион бырст демократимæ Уæрæсе æмæ Европæйы: фæстиуджытæ АИШ-ы националон æдадсзинадæн». 200 фарсджын документы Гуырдзыстоны тыххæй дæр ис ныхас. Хæгъдлæвæрды сенаты фæсарæн хъуыддæгты комитеты аппараты кусджытæ æрцæттæ кодтой.
«Америкæйы хъæлæсы» хъусинагæй, уый фæстаг 20 азы мидæг Европæйы бæстæты æмæ АИШ-ы политикон процесстæм бацыды Кремлы стратегийы æмæ тактикæйы фыццаг масштабон иртасæн у.
«Ацы тас сæвзæрд Дональд Трампы хицауадмæ æрбацыдæй бирæ раздæр æмæ уыдзæн уый фæстæ дæр. Президент Трамп фактонæй æнархайгæйæ куы у, Путин тынгдæр кæны йæ асимметрион арсеналы æмæ агуры фæстаг 70 азы дæргъы, АИШ-ы æмæ Европæйы арæзт демокративон æмæ æхсæнадæмон институтты ныхмæ хæцыны фæрæзтæ» – расидтис сенатор Кардин хыгъдлæвæрды бавдысты рæстæджы.
Ацы информацийæ, фæстаг периоды АИШ-ы администраци ауæрæхдæр кодта Уæрæсейы ныхмæ санкцитæ, сбæлвырд кодта Гуырдзыстон æмæ Украинæйæн леталон хæцæнгарзы бадæттыны скуыддзаг. Æнæкæсгæ уымæ хыгъдлæвæрды автортæ хъуыды кæнынц, цæмæй АИШ-æ уырыссаг гибридон бырстытæн эффективон дзуапп нæ дæттынц, кæнæ нæ бахъом сты, уымæн æмæ Урс хæдзары Уæрæсейы архæйдтытæм гæсгæ дырыс позици официалонæй не сбæлвырд кодта.
«Америкæйы историйы националон æдасдзинады раз ай йас тас, афтæ дырысæй игнориргонд никуы æрцыд АИШ-ы президенты æрдгæй. АИШ-æ, Кремлы агрессивон операцитæ æнæдзуаппæй куы ныууадза , ам æмæ Европæйы институттæ æмæ взæрстытæ æнæиргъæвгæ фæуыдзысты» – дзырдæуы хыгъдлæвæрды преамбулæйы.
Сенатор Бен Кардины фидиуæнæй, президент Дональд Трамп бæлвырдæй хъуамæ бамбара Уæрæсейæ цæугæ тас æмæ , куыд кризисон периодты æндæр президенттæ куыд архайдтой, афтæ мобилизаци скæна бæстæйæн цæмæй æхсæнадæмон коалициимæ иумæ йæ ныхмæ слæууа тасæн æмæ баиргъæва аргъдзинæдтæ.
Иртасæны автортæ куыд дзурынц афтæмæй, постсоветон бæстæты æмæ скæсæн Европæйы иуæй-иу бæстæты, Уæрæсейы хицауад бацархайдта спайда кодтаит æфсæддон æлхъывдады инструменттæй, куыд уый бакодта Гуырдзыстоны æмæ Украинæйы, сæххæст кодтаит æфсæддон фæфæлдæхт, куыд Монтенегройы, кæнæ аблхæдтаит политикъты, Сербий, Болгарийы æмæ Венгрийы куыд бакодта афтæ. Уыйимæ иумæ алы уæлдæрæрнымад цауы, Уæрæсейы хифæкæныны аххос уыд ацы бæстæты скуыддзаг, сæвзæрстаиккой райтынгы ныгуылæны фæндаг æмæ фæфидардæр кодтаиккой НАТО-имæ бастдзинад.
Хыгъдлæвæрды мидæг ис 30-æй фылдæр рекомендаци, кæцытæ сенатор Бен Кардины хъуыдымæ гæсгæйæ, Урс Хæдзар хъуамæ сæххæст кæна. Сæ нымæцы ис Европаг æмцæдисонты æмæ уыцы бæстæтæн æххуысы фæтынгдæр кæнын, кæцытæ нырма не сты уый хъом хæдбарæй йæ ныхмæ слæууой Уæрæсейы финансон, энергетикон æмæ информацион агрессийæн .