Сенатор Бен Къардин  Путины архæйдтыты фæдыл хыгъдлæвæрды Гуырдзыстоны фæдыл дæр  ныхас кæны
Сенатор Бен Къардин Путины архæйдтыты фæдыл хыгъдлæвæрды Гуырдзыстоны фæдыл дæр ныхас кæны

Демократ сенатор  Бен Кардин  бавдыста хыгъдлæвæрд     сæргондæй  «Путины  асимметрион  бырст  демократимæ  Уæрæсе æмæ Европæйы: фæстиуджытæ  АИШ-ы  националон  æдадсзинадæн». 200 фарсджын  документы  Гуырдзыстоны тыххæй  дæр  ис ныхас.  Хæгъдлæвæрды   сенаты   фæсарæн хъуыддæгты  комитеты  аппараты  кусджытæ  æрцæттæ кодтой.

«Америкæйы хъæлæсы»  хъусинагæй,   уый  фæстаг  20 азы мидæг  Европæйы бæстæты æмæ   АИШ-ы   политикон   процесстæм бацыды  Кремлы стратегийы  æмæ тактикæйы фыццаг масштабон иртасæн у.

«Ацы тас   сæвзæрд  Дональд Трампы  хицауадмæ æрбацыдæй бирæ раздæр æмæ уыдзæн уый фæстæ дæр.  Президент Трамп фактонæй æнархайгæйæ куы у, Путин  тынгдæр кæны   йæ  асимметрион арсеналы  æмæ  агуры фæстаг 70 азы  дæргъы, АИШ-ы æмæ   Европæйы  арæзт демокративон æмæ   æхсæнадæмон  институтты  ныхмæ  хæцыны   фæрæзтæ» –  расидтис сенатор  Кардин  хыгъдлæвæрды бавдысты рæстæджы.

Ацы  информацийæ, фæстаг периоды  АИШ-ы   администраци   ауæрæхдæр кодта  Уæрæсейы  ныхмæ  санкцитæ,   сбæлвырд кодта Гуырдзыстон æмæ Украинæйæн леталон хæцæнгарзы   бадæттыны  скуыддзаг.   Æнæкæсгæ уымæ  хыгъдлæвæрды автортæ  хъуыды кæнынц,  цæмæй  АИШ-æ  уырыссаг гибридон   бырстытæн  эффективон  дзуапп нæ дæттынц, кæнæ  нæ бахъом сты, уымæн æмæ Урс хæдзары Уæрæсейы архæйдтытæм  гæсгæ  дырыс позици  официалонæй  не сбæлвырд кодта.

«Америкæйы историйы  националон æдасдзинады раз  ай  йас  тас, афтæ дырысæй   игнориргонд никуы æрцыд  АИШ-ы президенты æрдгæй.   АИШ-æ,  Кремлы  агрессивон  операцитæ  æнæдзуаппæй  куы ныууадза , ам æмæ  Европæйы  институттæ  æмæ взæрстытæ     æнæиргъæвгæ фæуыдзысты» – дзырдæуы  хыгъдлæвæрды преамбулæйы.

Сенатор Бен Кардины  фидиуæнæй,   президент Дональд Трамп  бæлвырдæй  хъуамæ бамбара   Уæрæсейæ цæугæ  тас æмæ  ,  куыд кризисон  периодты  æндæр президенттæ куыд  архайдтой,  афтæ мобилизаци скæна   бæстæйæн цæмæй  æхсæнадæмон   коалициимæ иумæ  йæ ныхмæ слæууа  тасæн  æмæ  баиргъæва аргъдзинæдтæ.

Иртасæны  автортæ  куыд дзурынц афтæмæй,   постсоветон  бæстæты æмæ скæсæн  Европæйы  иуæй-иу  бæстæты,  Уæрæсейы  хицауад бацархайдта   спайда кодтаит  æфсæддон æлхъывдады  инструменттæй,   куыд уый  бакодта Гуырдзыстоны æмæ Украинæйы, сæххæст кодтаит    æфсæддон фæфæлдæхт,  куыд Монтенегройы,  кæнæ аблхæдтаит  политикъты,  Сербий, Болгарийы æмæ Венгрийы  куыд бакодта афтæ.  Уыйимæ иумæ  алы уæлдæрæрнымад  цауы, Уæрæсейы  хифæкæныны  аххос уыд  ацы бæстæты  скуыддзаг,  сæвзæрстаиккой  райтынгы  ныгуылæны фæндаг    æмæ   фæфидардæр кодтаиккой НАТО-имæ бастдзинад.

Хыгъдлæвæрды мидæг ис  30-æй фылдæр рекомендаци,  кæцытæ  сенатор Бен Кардины  хъуыдымæ гæсгæйæ,   Урс Хæдзар  хъуамæ сæххæст кæна. Сæ нымæцы ис   Европаг  æмцæдисонты  æмæ уыцы  бæстæтæн æххуысы фæтынгдæр кæнын,   кæцытæ нырма не сты уый хъом хæдбарæй йæ ныхмæ слæууой Уæрæсейы  финансон, энергетикон æмæ информацион агрессийæн .