Ираклий Къобахидзе – Хъахъхъæнынады сферæйы суммæты æрурæды фæдыл АИШ-ы æмæ Евроцæдисы уынаффæтæ хъыгаг сты, уымæн æмæ нæ дзуапп кæнынц не нхъæлцæн ахастытæ ногæй рацаразыны тыххæй
Хъахъхъæнынады сферæйы суммæты рауæлдайы æрурæды фæдыл АИШ-ы æмæ Евроцæдисы уынаффæтæ хъыгаг сты, уымæн æмæ нæ дзуапп кæнынц не нхъæлцæн ахастытæ ногæй рацаразыны тыххæй, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе хицауады абоны рабадтыл райхъусын кодта.
Къобахидзейы дзырдæй, зæгъгæ ацы ахастыты æцæгæйдæр хъæуы ногæй рацаразын, цæмæ дæр гуырдзиаг фарс цæттæ у.
«Фæнды мæ сдзуапп кæнын АИШ-ы æмæ Евроцæдисы уынаффæтæн хъахъхæнынады сферæйы суммæтæ рауæлдайы æрурæды тыххæй. Ацы уынаффæ у хъыгаг. Хъыгаг афтæ, æмæ уый нæ дзуапп кæны не нхъæлцæн ахастытæ ногæй рацаразыны фæдыл. Æз ноджы иу хатт хъуамæ банысан кæнон, цæмæй ивгъуыд цыппар азы политикон фæзындты фоныл, ацы ахастыты æцæгæйдæр хъæуы ногæй рацаразын. Уымæ гуырдзиаг фарс, нæ хицауад, паддзахад у сæрæй-кæронмæ фембæлæг къахдзæфты æнхъæл. Кæй зæгъын æй хъæуы ахæм уынаффæтæ сты контрпродуктивон ахастыты ногæй рацаразыны цæстæнгасæй, фæлæ мæзимæ укадзын ныфс, цæмæй фидæны арызт уыдзæн прагматон, рационалон, раст æмæ рæстаг къахдзæфтæ æмæ растдæр ахæм къахдзæфтæ сараздзысты къух ахастыты ногæй рацаразынæн АИШ æмæ Гуырдзыстоны æхсæн. Мах уымæ сæрæй-кæронмæ цæттæ стæм», – рахйъусын кодта Ираклий Къобахидзе.