Саманта Пауэр – «фæсарæйнаг æндæвдады» фæдыл закъонопроект гæнæн ис фæкъуылымпы кæна Гуырдзыстоны фидæн Евроцæдисы, кæцыимæ разы сты гуырдзиæгты фылдæры хай
АИШ-ы æхсæнадæмон райрæзты агентады (USAID) къухдариуæггæнæг Саманта Пауэр Гуырдзыстоны парламент, «фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады фæдыл» закъонопроекты райсты кой кæны.
Пауэр социалон хызаг «Х»-ы фарсыл куыд фыссы афтæмæй, фæнысангонд закъонопроект гæнæн ис фæкъуылымпы кæна Гуырдзыстоны фидæн Евроцæдисы.
«АИШ фауы Гуырдзыстоны парламенты хъæлæскæнын «фæсарæйнаг æндæвдады» закъондæттады размæцыды фæдыл. Ацы закъонопроект гæнæн ис фæкъуылымпы кæна Гуырдзыстоны фидæн Евроцæдисы, кæцыимæ гуырдзиæгты фылдæр сты разы æмæ тас хæссы АИШ-ы æмæ Гуырдзыстоны æхсæн дæргъвæтин партнерадæн», – фыссы Саманта Пауэр.