Саломэ Зурабишвили – Уæрæсе оккупант æмæ агрессор у, уый дзурын мæ бон у æнæфæугæйæ
Мæхи æмæ мæ бинонты царды сæйраг нысаниуæг кæддæриддæр уыдис æмæ фидæны дæр уыдзæн Гуырдзыстоны сæрибардзинады æмæ хæдбардзинады Уæрæсейæ баиргъæвын – уый фæдыл президенттæм бархи кандидат, Саломе Зурабишвили, сæрмгаонд æвзарæнон штабы презентацийы райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Уæрæсейы æрдæм йæ сæрмагонд ахаст 60 азæй фылдæр у, кæй нæ ивы.
«Уæрæсейы æрдæм мæ ахаст, кæд уый райхалын хъæуы уæд, 60 азæй фылдæр у цæй нæ ивын. Гуырдзыстоны ссæрибар кæнын уыд, у æмæ уыдзæн мæхи æмæ мæ бинонты царды сæйраг нысаниуæг æмæ бæллицц, афтæма йæ хæдбардзинады, сæрибардзнады, нæ мын зæгъдзыстут кæмæй баиргъæвын – цæй зæгъын æй хъæуы Уæрæсеæ», – райхъусын кодта Саломе Зурабишвили.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, эмиграци кæронмæ хаста хæдбардзинады тырыса æмæ идея.
«Мæ æрыздæхт, Гуырдзыстон хæдбар куы уыдис уæд, уыдис хæдбардзинады фæтынгдæр кæныны æмæ Европæмæ Гуырдзыстоны æрыздахыны æрдæм, цы ран дæр у йæ бынат. Уæрæсе оккупант æмæ агрессор у, уый фæлхаттæй дзурын мæ бон у æнæфæугæйæ, уæлдайдæ1р мæ гуырдзиаг æвзагæй , уый дзурын мæ сабибонтæй ерынмæ. Уæрæсе агрессор æмæ оккупант уыдис 1801 азы, Эрекъле Паддзахы трактат куы хæлдта уæд; 1921 азы Гуырдзыстоны суверентитет куы бафхæрдта æмæ цæй тыххæй дæр мæ фыдæлтæ Гуырдзыстонæй рацыдысты æмæ æз та райгуыртæн Францы», – райхъусын кодта Саломе Зурабишвили.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ Уæрæсе агрессор æмæ оккупант уыдис 2008 азы, ноджы иу хатт куы фехæлдта алы æхсæнадæмон документ.
«Афтæдæр Уæрæсе агрессор æмæ оккупант уыдис 2008 азы, ноджы иу хатт куы фехæлдта уый, кæцы вæццæгæн сегасæй хуыздæр зонын, алы æхсæнадæмон документ æмæ бадзырд, кæцыты мидæг Уæрæсе нымадмæ иста Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитет»,- райхъусын кодта Саломе Зурабишвили.