Саломе  Зурабишвили - Чи схуыдта Уæллаг Абхазæй   Къодоры  ком, чи ауæрæхдæр кодта  конфликты зонæ   хъæды  æхсæн  чи фæуагъдта нæ лæппуты,  ацы  фарстытыл  дзуаппытæ раттын æнæмæнгæй хъæуы
Саломе Зурабишвили - Чи схуыдта Уæллаг Абхазæй Къодоры ком, чи ауæрæхдæр кодта конфликты зонæ хъæды æхсæн чи фæуагъдта нæ лæппуты, ацы фарстытыл дзуаппытæ раттын æнæмæнгæй хъæуы

Чи схуыдта   Уæллаг Абхазæй   Къодоры  ком, чи ауæрæзхдæр кодта  конфликты зонæ   æмæ   Цхинвалы регионы Хуссар Ирыстонæй   официалонæй  чи схуыдта,  чи ныууагъдта  Къоджоры  нæ  зынаргъ   хотыхтæ  æмæ   чи фæуагъдта  хъæды  æхсæн   нæ лæппуты,  ацы  фарстытыл  дзуаппытæ раттын æнæмæнгæй хъæуы, – уый фæдыл  президенттæм  хæдбар кандидат  Саломе Зурабишвили,  сæрмагонд   æвзарæнон штабы  презентацийы рæстæджы  райхъусын кодта.

Саломе Зурабишвилийы  ныхæстæм гæсгæ,    хæсты  тыххæй  йæ æрдæм  «къæных  æмæ  æнæрхъуыды  фарстытæ хъуысыец,  кæцы бындурæвæрд сты  контекстæй   рæдывд  ныхæстыл».

Йæ  ныхæстæм гæсгæ, ис тынг бирæ   фарст,   кæцытæн дзуаппын  раттын  хъæуы.

Афтæма,   президенттæм хæдбар кандидаты  иуæй-иу  фарст у,  цæмæн  ничи  æрсидтис  æхсæнадæмон дзыллæмæ  хæсты фыццаг бон, куыддæриддæр æй  Уæрæсе райдыдта   уæд.

«Цæмæн  нæ  загъдтам уайтагъддæр,  Уæрæсе  хæстмæ кæй рахызт  уый,   цæмæ  æнхъæлмæ кастис   уæды рæстæгон  хицауад?

Æмæ æппынфæстаг,    чи мæ  аххосджын кæны,   цæмæй  барады æрдгæй,   æхсæнадæмон  барады  дауты  рæстæджы, гæнæн ис    цитатæтæ  кæцыты  æз нæ  загътон,   ноджы иу  хатт  уын зæгъын,   цитатæтæй спайда кæной  бæстæйы  ныхмæ,   цæмæн ничи хъуыды кæны  цæмæй нæ бæстæйы   уæды   премьеры, президенты,   фæсарæн хъуыддæгты  министры уæдыккон   фидиуæнтæ æмæ  ныхæстæ   уыцы бонты  нæй  гæнæн   разнаггад кæна  Гуырдзыстоны хъуыддагæн æхсæнадæмон тæрхондоны,   цæмæн нæ  хъуыды кæнæм  уый æппæтыл», – загъта  Саломе Зурабишвили.

Президенттæм  хæдбар кандидаты   дзырдæй,   уымæн зæгъгæ  йæ удхæссæг  у  дзырд «гадзрахатгæнæг»  фæлæ  æгæр бирæ  фарстыл  хъæуы  дзуапп раттын.

«Чи у  гадзрахатгæнæг,  ацы  ныхас  нæ уарзын,   нæ  пайда кæнын æмæ    дзы  се  рдæм   куы  спайда кæнон  уымæй  дæр æфсæрмы кæнын, фæлæ  фарст раттæм –  чи схуыдта Уæллаг Абхазæй  Къодоры ком, чи ауæрæхдæр кодта  конфликты зонæ   æмæ   Цхинвалы регионы Хуссар Ирыстонæй   официалонæй  чи схуыдта,  чи ныууагъдта  Къоджоры  нæ  зынаргъ   хотыхтæ  æмæ   чи фæуагъдта  хъæды  æхсæн   нæ лæппуты, – ацы  фарстытыл  дзуаппытæ  иумæ  куы ратдзыстæм,  фæлæ æцæгæй дæр  хъæуы  дзуаппытæ рацагурын. Ницы  уæлдай  у  уыдзынæн  президент æви нæ,  фæлæ  æнæмæнгæй  уыдзынæн.  Ацы  фарстытыл   дзуапп  бынтон æндæр цæуылдæр баст у,   цæмæй  мах  кæдæй-уæдæй, нæ ивгъуыдыл ,  нæ  хицауады  фыдракæндты  тыххæй реалондзинад  зонæм,  уымæн  æмæ  нæм æнхъæлмæ  кæсы  фидæн.  Ацы фидæны та  хъуамæ  хъуыддаг аразæм,   сæнæхъæн кæнæм   æмæ  йæ цæмæй   сæнæхъæн  кæнæм, хъуамæ  баздæхæм  не  фсымæртæм Абхазы æмæ Хуссар Ирыстоны  а.х. републикæты,  цæмæй мæ  ноджы  мацæмæй   фæазымджын кæнат,  хъуамæ  сæм баздæхæм, цæмæй  уыдон  дæр сты  Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ,  цæмæй  сæ  ницæмæ  хъæуы Уæрæсейы  æрдгæй   сæрыл дзурын, цæмæй  йæ  махæй  баиргъæва,  цæмæй   æнæмæнгæй  баиу  уыдзыстæм», –  райхъусын кодта Саломе  Зурабишвили.